Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Петр 3:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕдӕ афтӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Петр 3:14
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕдӕ уын исчи афтӕ куы зӕгъа: „Чырысти ӕдзӕрӕг быдыры ис“, — ма-иу ацӕут, кӕнӕ: „Мӕнӕ рӕбинаг уаты ис“, — ма-иу уӕ бауырнӕд.


Чызджытӕ иууылдӕр фестадысты ӕмӕ сӕ цырӕгътӕ ӕрцӕттӕ кодтой.


Тӕхудиаг уыдзӕни уыцы цагъар, йӕ хицау йӕ фӕдзӕхст ӕххӕстгӕнгӕ кӕй ӕрбаййафа.


«Бардарӕг Хуыцау, Дӕ цагъарӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ мӕ ӕрвитыс ныр фарнимӕ:


Ӕмӕ уӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти сфидар кӕндзӕни кӕронмӕ, цӕмӕй Йе ’рцыды бон уат ӕназым.


Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.


цӕмӕй уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый раиртасын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау,


цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау хъӕбултӕ ацы ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд адӕмы ’хсӕн. Арвыл цы стъалытӕ ферттивы, сымах ахӕм стъалытау стут се ’хсӕн,


Махӕн та нӕ бӕстӕ ис уӕлӕрвты, уырдыгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ирвӕзынгӕнӕгмӕ дӕр — Бардарӕг Йесо Чырыстимӕ.


цӕмӕй уын Бардарӕг сфидар ӕмӕ ссыгъдӕг кӕна уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцауы раз уат ӕнаипп, нӕ Бардарӕг Йесо Йе ’ппӕт сыгъдӕджытимӕ куы ’рцӕуа, уӕд. Аммен.


Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд ӕххӕстӕй — уӕ мон, уӕ уд ӕмӕ уӕ буар — ӕппӕт дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ.


ӕппӕт амындтытӕ ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕнӕфауӕй ӕххӕст кӕн суанг нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ.


афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.


Сидзӕрты, идӕдзты сӕ зынты барӕвдауын, а дунейы чъизитӕй хи бахизын, — уый у Фыд Хуыцауы раз сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уырнындзинад.


Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.


Ныридӕгӕн уӕм дыккаг фыстӕг фыссын, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ. Дыууӕ фыстӕджы дӕр уын уӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнын, уымӕй архайын уӕ сыгъдӕг хъуыдытӕ райхъал кӕныныл.


Афтӕ Павел фыссы йе ’ппӕт фыстӕджыты, уыдӕтты кой куы фӕкӕны, уӕд. Йӕ фыстыты ис зынӕмбарӕн бынӕттӕ, ӕмӕ сӕ ӕнӕфенд ӕмӕ, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, уыдон зыгъуыммӕ кӕнынц Сыгъдӕг Фысты иннӕ хӕйттау ӕмӕ уый аххосӕй фесӕфынц.


Ӕмӕ Йыл уыцы хъуыддаджы йӕ зӕрдӕ чидӕриддӕр дары, уый сыгъдӕг кӕны йӕхи, уымӕн ӕмӕ Уый сыгъдӕг у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ