Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Петр 2:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ахӕмтӕ сты хуыскъ суадӕттӕ, уад кӕй ахӕссы, ахӕм мигътӕ. Уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны саудалынг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Петр 2:17
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕздӕттӕ сӕ лӕггадгӕнджыты донмӕ арвитынц, уыдон ӕрцӕуынц цъайтӕм, фӕлӕ дон нӕ арынц. Фӕстӕмӕ афтид дурынтимӕ здӕхынц, рохстӕй ӕмӕ ӕфсӕрмхуызӕй сӕ сӕртӕ бамбӕрзынц.


Цы дын бакӕнон, Ефрем? Цы дын бакӕнон, Иудӕ? Райсомы мигъ ӕваст куыд фӕцыдӕр вӕййы ӕмӕ сӕууон ӕртӕх куыд тагъд ӕрбайсӕфы, уый ӕнгӕс у уӕ рӕстад.


Уӕд паддзах йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ, аппарут. Уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс“.


Ацы ницӕйаг цагъары та аппарут ӕддӕмӕ, талынгмӕ: кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс кӕцӕй хъуысдзӕни, уырдӕм“». [Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»]


Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыд, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».


Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.


Бавналӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ пиллон артӕй чи судзы, ахӕм хохмӕ, талынг, саудалынг ӕмӕ уадмӕ не ’рцыдыстут сымах;


Тӕригъӕды чи бацыди, суанг уыцы зӕдтыл дӕр нӕ бацауӕрста Хуыцау, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ Тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй;


Йӕ кад чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕн бынат чи ныууагъта, уыцы зӕдты Уый стыр Тӕрхоны бонмӕ ӕнусон талынджы рӕхысбастӕй дары.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ