Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 9:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Давид ын загъта: «Ма тӕрс. Дӕ фыд Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕз дӕуӕн ӕнӕмӕнг хорзы бацӕудзынӕн. Дӕ фыды фыд Саулы зӕххытӕ дын иууылдӕр фӕстӕмӕ ратдзынӕн, дӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзынӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 9:7
32 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕфсымӕрты тас бацыд, Йосефы хӕдзармӕ сӕ куы бакодтой, уӕд: «Айразмӕ нын нӕ голджыты фӕстӕмӕ цы ӕвзист нывӕрдӕуыди, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодтой ардӕм. Ам нӕ бауромдзысты ӕмӕ нӕ сӕхицӕн цагъартӕ скӕндзысты, нӕ хӕрджыты дӕр нын байсдзысты».


Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Тыхсгӕ ма кӕнут ӕмӕ ма тӕрсут! Айразмӕ мӕм уе ’взист фӕхӕццӕ ис. Уыцы хӕзна та уын, ӕвӕццӕгӕн, уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта уӕ голджыты». Йосефы хӕдзары уынаффӕгӕнӕг сӕм Симеоны ракодта


дӕ паддзахы хӕдзар ӕмӕ дын йӕ устыты радтон, Израил ӕмӕ дын Иудӕйы дӕ бӕрны бакодтон. Ӕмӕ дын кӕд уый фаг нӕ уыди, уӕд ма дын сӕм иу ахӕм бафтыдтаин.


Мӕ бардарӕг, паддзах, дӕуӕн дӕ бон уыди, ӕмӕ мын мӕ фыды хӕдзарвӕндаг ӕгасӕй дӕр ныццӕгъдай, фӕлӕ ды дӕ цагъары демӕ ӕмвынг скодтай! Уӕд ма ӕз цы цӕсгомӕй хъаст кӕнон паддзахӕн?»


Паддзах загъта: «Уыцы ныхӕстӕ ныууадз, цӕмӕн мын сӕ дзурыс? Мӕнӕ дын мӕ уынаффӕ: дӕ зӕххытӕ Циваимӕ уе ’хсӕн адих кӕн».


Паддзах ын загъта: «Рацу мемӕ ӕмӕ ницы хъуаг уыдзынӕ Йерусалимы».


Давид, Саулы фырт Ионатанимӕ Дунедарӕджы раз цы ард бахордтой, уый йӕ зӕрдыл дардта ӕмӕ Ионатаны фырт Мефивошетыл бацауӕрста.


Давид загъта: «Саулы бинонтӕй, цымӕ, ничиуал баззади? Фӕнды мӕ, Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, уымӕн баххуыс кӕнын».


Кус ын йӕ зӕххыл дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ цагъартимӕ ӕмӕ йын йӕ тыллӕг дӕтт, цӕмӕй дӕ хицау мацы хъуаг уа. Дӕ хицауы фырт Мефивошет йӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзӕнис». (Цивайӕн уыди фынддӕс фырты ӕмӕ йӕм уыд ссӕдз цагъары.)


Цива паддзахӕн загъта: «Мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах йӕ цагъарӕн цыдӕриддӕр фӕдзӕхсы, уыдон ӕххӕстгонд уыдзысты». Ныр Мефивошет та паддзахы фырттау Давидимӕ ӕмвынг уыди.


Мефивошет царди Йерусалимы, уымӕн ӕмӕ кӕддӕриддӕр паддзахимӕ иу фынгыл бадти. Йӕ дыууӕ къахӕй дӕр къуылых уыдис.


Паддзах та йӕ бафарста: «Ау, Саулы бинонтӕй иу дӕр нал ис? Хуыцауы хорзӕх мӕ куы уаид, уӕд ын ӕз баххуыс кӕнин». Цива йын дзуапп радта: «Ионатанӕн ма иу къуылых лӕппу баззад».


Ӕрмӕст-иу галаадаг Барзиллайы фырттӕм хӕлар цӕстӕй ракӕс. Демӕ ӕмвынг чи уа, уыдоны ’хсӕн сын бынат уӕд. Уымӕн ӕмӕ, кӕддӕр де ’фсымӕр Авессаломӕй куы алыгътӕн, уӕд уыдон сӕрбахъуыды рӕстӕг мӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты.


Йехониа аивта йӕ ахӕсты дарӕстӕ дӕр. Уыйхыгъд ын цӕргӕ-цӕрӕнбонты бар уыди Вавилоны паддзахы фынгыл бадынӕн.


Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.


Иоакимӕн йӕ ахӕстоны дарӕс раивын кодта, ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ паддзахимӕ иу фынгыл бадти.


«Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ дзырдта: раст тӕрхон кӕнут, кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут;


Ратт нын абон цӕрынваг къӕбӕр.


цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.


Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.


Ӕрмӕст тӕрсут Дунедарӕгӕй, рӕстӕй, зӕрдиагӕй Йын кувут. Уӕ зӕрдыл дарут, цы стыр хӕрзты уын бацыд, уый.


Амардтӕн, зӕгъгӕ, уӕд та-иу мын мӕ хӕдзарӕй дӕ хорзӕх макуы айс, суанг Дунедарӕг Давиды ӕппӕт знӕгтӕн сӕ мыггаг куы сыскъуына, уӕд дӕр».


Баззай мемӕ, тӕрсгӕ ма кӕн. Уымӕн ӕмӕ, дӕу амарын кӕй зӕрды ис, мӕн амарын дӕр уый зӕрды ис. Фыдбылызӕй хызт уыдзынӕ мӕнмӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ