5 Уӕд ӕм паддзах Давид арвыста, ӕмӕ йӕ Ло-Деварӕй, Аммиелы фырт Махиры хӕдзарӕй, ӕрбахонын кодта.
Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.
Паддзах ӕй бафарста: «Кӕм ис?» Цива дзуапп радта: «Ло-Девары, Аммиелы фырт Махиры хӕдзары».
Саулы фырты фырт, Ионатаны фырт Мефивошет бацыди Давидмӕ ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудис. «Мефивошет!» — сдзырдта йӕм Давид. «Мӕнӕ ис дӕ цагъар», — дзуапп радта уый.