Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 9:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Цива паддзахӕн загъта: «Мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах йӕ цагъарӕн цыдӕриддӕр фӕдзӕхсы, уыдон ӕххӕстгонд уыдзысты». Ныр Мефивошет та паддзахы фырттау Давидимӕ ӕмвынг уыди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 9:11
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзахӕн йӕ дӕлдӕртӕ дзуапп радтой: «Нӕ хицау ӕмӕ нӕ паддзах куыддӕриддӕр зӕгъа, мах афтӕ бакӕндзыстӕм».


йемӕ — иу мин адӕймаджы Бениамины мыггагӕй, стӕй ма — Саулы хӕдзары лӕггадгӕнӕг Цива йӕ фынддӕс фыртимӕ ӕмӕ йе ссӕдз цагъаримӕ. Ӕмхуызонӕй атындзыдтой Иорданы ’рдӕм паддзахы размӕ


Паддзахы размӕ рацыди Саулы фырты фырт Мефивошет дӕр. Паддзахы ацыды бонӕй, сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхти, уыцы бонмӕ уый йӕ къӕхты ныхтӕ дӕр никуы ракодта, йӕ зачъе дӕр никуы фӕцыбыр кодта, йӕ дарӕс дӕр никуы ныхсадта.


Уый йын дзуапп радта: «О мӕ бардарӕг, паддзах! Мӕ фӕсдзӕуин мӕ афӕлывта. Къуылых кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ ӕз, дӕ цагъар, афтӕ хъуыды кодтон, хӕрӕгыл мӕхицӕн саргъ сӕвӕрын кӕндзынӕн ӕмӕ мӕ паддзахмӕ ацӕудзынӕн, зӕгъгӕ.


Кус ын йӕ зӕххыл дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ цагъартимӕ ӕмӕ йын йӕ тыллӕг дӕтт, цӕмӕй дӕ хицау мацы хъуаг уа. Дӕ хицауы фырт Мефивошет йӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзӕнис». (Цивайӕн уыди фынддӕс фырты ӕмӕ йӕм уыд ссӕдз цагъары.)


Мефивошетӕн уыди фырт, нырма чысыл лӕппу, йӕ ном — Миха. Цивайы хӕдзаронтӕ се ’ппӕт дӕр лӕггад кодтой Мефивошетӕн.


Мефивошет царди Йерусалимы, уымӕн ӕмӕ кӕддӕриддӕр паддзахимӕ иу фынгыл бадти. Йӕ дыууӕ къахӕй дӕр къуылых уыдис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ