3 Давид басаста Реховы фырт Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы, уый Евфраты тӕрфмӕ йӕ раздӕры бархъомыс сӕндидзынмӕ куы бабырста, уӕд.
Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.
Арамейӕгтӕ куы бамбӕрстой, израилӕгтӕ сыл фӕуӕлахиз сты, уый, уӕд сфӕнд кодтой иумӕ ӕрбамбырд уӕвын.
Адад-Езер арвыста Евфраты фале цӕрӕг арамейӕгтӕм, ӕмӕ ӕрбацыдысты Хеламмӕ, сӕ сӕргъы Адад-Езеры ӕфсады хицау Шовах, афтӕмӕй.
Адад-Езеры дӕлбар паддзӕхтӕ куы федтой, израилӕгтӕ фӕуӕлахиз сты, уый, уӕд Давидимӕ бафидыдтой ӕмӕ йӕ дӕлбар баисты. Арамейӕгтӕ сӕ ныфс нал хастой аммонӕгтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ.
Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.
цовайаг Натаны фырт Игал; Гады байзӕддаг Бани;
Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг паддзахӕдтӕ иууылдӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. Фыстой йын хъалон, лӕггад ын кодтой цард-цӕрӕнбонты.
Давид басаста Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы (йӕ паддзахад ӕххӕссыд Хаматы арӕнты онг), уый Евфраты доны был цы зӕххытӕ ис, уыдонмӕ йӕ бархъомыс ӕрӕвӕрынмӕ куы бабырста, уӕд.
Соломон бабырста Хамат-Цовайы сахармӕ ӕмӕ йӕ бацахста.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом.
Хынджылӕггӕнгӕ, саузӕрдӕйӕ ныхас кӕнынц, ӕртхъирӕн кӕнынц ӕнӕввӕрсонӕй.
Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй.
Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат — сымах уыдзӕн: ӕдзӕрӕг быдырӕй Ливанмӕ, Евфраты донӕй Зӕххастӕуы денджызы онг аххӕсдзысты уӕ зӕххытӕ.
Саул Израилы ӕрфидар кодта йӕ паддзахдзинад ӕмӕ йӕ алфамбылай знӕгтӕй алкӕимӕ дӕр хӕцыди: тох кодта моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, едомӕгтӕ, Цовайы паддзах ӕмӕ филистимӕгтимӕ. Кӕдӕмдӕриддӕр-иу бабырста, уым-иу фӕуӕлахиз.