Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 8:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта Едомы, ӕнӕхъӕн Едом сӕ къухы уыд, ӕмӕ адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 8:14
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Дыууӕ адӕмы рантысдзӕн дӕ гуыбынӕй, дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ мидӕг — сӕ фӕндӕгтӕ фӕхицӕн уыдзысты. Сӕ иу суыдзӕн иннӕмӕй тыхджындӕр, хистӕр лӕггад кӕндзӕни кӕстӕрӕн».


Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»


Давиды хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыди йемӕ.


Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз демӕ уыдтӕн ӕмӕ дын де знӕгты иууылдӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, кадджындӕр цы нӕмттӕ ис а зӕххыл, уыдонӕй иу уыдзӕни.


Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста.


Давид йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.


Кӕддӕр Давид едомӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд ма Хадад чысыл лӕппу уыд ӕмӕ йӕ фыды фӕсдзӕуинтӕй цалдӕримӕ Мысырмӕ алыгъд. Уымӕн ӕмӕ уыцы заман Давиды ӕфсады хицау Йоав араст, Едомы зӕххыл израилаг хӕстонтӕй чи фӕмард, уыдоны мӕрдтӕ баныгӕнынмӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ Едомы фӕци ӕхсӕз мӕйы бӕрц, цалынмӕ сын сӕ нӕлгоймӕгты иууылдӕр ныццагъта, уӕдмӕ.


Уӕд Едомы паддзах нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр — бӕстыхицау, Иудейы паддзахы минӕвар.


Иосафат саразын кодта Таршишмӕ цӕуӕг базарадон наутӕ, йӕ зӕрды сӕ уыд Офирмӕ арвитын, уырдыгӕй сыгъзӕрин ӕрбаласыны тыххӕй. Фӕлӕ Офирмӕ нал ацыдысты — ныппырх ын сты Ецион-Геверы.


Амациа Цӕхджын дӕлвӕзы дӕс мин едомаджы ныццагъта. Уый фӕстӕ схӕцыд Селайы сахары ныхмӕ ӕмӕ йӕ бацахста. Радта йын ног ном — Йоктеел. Ныронг дӕр ӕй афтӕ хонынц.


Ӕмӕ Дунедарӕг дӕр аудыдта Езекиайыл, ӕмӕ уый йӕ алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Ассирийы паддзахӕн нал уисӕн кодта, нал ын кодта лӕггад.


Давид Едомы йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Едомы адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ