12 Уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ист ӕрцыдысты едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ Цовайы паддзах Адад-Езерӕй, Реховы фыртӕй.
Йоав ын загъта: «Гъа, ныр мыл арамейӕгтӕ уӕлахиз кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕм ӕххуысмӕ фӕзын, аммонӕгтӕ дӕуыл куы райдайой тых кӕнын, уӕд та дӕм ӕз фӕзындзынӕн.
Аммонӕгтӕ куы федтой, арамейӕгтӕ лидзӕг фесты, уый, уӕд уыдон дӕр Авишайы разӕй сахармӕ сӕхи байстой. Аммонӕгтимӕ хӕст куы ахицӕн ис, уӕд Йоав Йерусалиммӕ ӕрбаздӕхт.
Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой.
Паддзах Давид сӕ едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ ӕмӕ амалекӕгтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта.
Амалекаг паддзах, Агаг, удӕгасӕй йӕ къухы бафтыд, йӕ адӕмы та йын кардӕй фӕцагъта.
Давид-иу йӕ адӕмимӕ стӕры ацыд, ӕмӕ-иу бабырстой гешурӕгтӕм, гирзӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм (уыдон цӕрынц Телаимӕй Шуры ӕдзӕрӕг быдыры онг, стӕй уырдыгӕй суанг Мысыры онг).
Хур нӕма скасти, афтӕ сыл Давид йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ цагъта. Ничи йын дзы аирвӕзти удӕгасӕй, ӕрмӕст цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты.
Амалекӕгтӕн се стурвос ӕмӕ сӕ лыстӕг фос иууылдӕр ратӕлӕт кодтой. Давиды разӕй сӕ тардтой ӕмӕ дзырдтой: «Уый Давиды ӕфтиаг у».