Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 8:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 ӕмӕ йӕ фырт Йорамы паддзах Давидмӕ арвыста, цӕмӕй йын салам ратта ӕмӕ йын, Адад-Езерыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй арфӕ ракӕна. Уымӕн ӕмӕ Тои ӕмӕ Адад-Езеры ’хсӕн ӕдзухдӕр хӕстытӕ цыди. Йорам Давидӕн йемӕ сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ ахаста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 8:10
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йосеф сын салам радта, стӕй сӕ бафарста: «Куыд у уӕ зӕронд фыд, айразмӕ йӕ кой кӕмӕн кодтат, уый? Ӕгас ма у?»


Паддзах Давид сӕ, кӕй басаста, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта.


Хаматы паддзах Тоимӕ байхъуысти, Давид Цовайы паддзах Адад-Езеры ӕфсад кӕй ныддӕрӕн кодта, уый


Паддзах Давидмӕ та йӕ дӕлдӕртӕ бацыдысты ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕнынц: „Хуыцау дын дӕ номӕй ноджы кадджындӕр скӕнӕд Соломоны ном, дӕ паддзахы бадӕнӕй йын ноджы цытджындӕр скӕнӕд йӕ бадӕн!“ Ӕмӕ Давид рабадти йӕ сынтӕджы, акуывта йӕ сӕрӕй


ӕмӕ йӕ фырт Хадорамы паддзах Давидмӕ арвыста, цӕмӕй йын салам ратта ӕмӕ йын, Адад-Езерыл кӕй фӕуӕлахиз, уый тыххӕй арфӕ ракӕна. Уымӕн ӕмӕ Тои ӕмӕ Адад-Езеры ’хсӕн ӕдзухдӕр хӕстытӕ цыди. Хадорам Давидӕн йемӕ сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы дзауматӕ ахаста.


Ӕмӕ бирӕтӕ Йерусалиммӕ Дунедарӕгӕн хастой хуынтӕ, иудейаг паддзах Езекиайӕн та — зынаргъ лӕвӕрттӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмты ’хсӕн тынг скадджын ис.


Уый фервӕзын кӕндзӕн Израилы йе ’ппӕт тӕригъӕдтӕй.


Уыцы заман Баладаны фырт Меродах-Баладан, Вавилоны паддзах, фехъуыста, Езекиа кӕй фӕрынчын ӕмӕ йӕ низӕй кӕй сдзӕбӕх ис, уыцы хабар ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ ӕрбарвыста фыстӕгимӕ.


Йӕ иууылсудзинаг нывонд хаст нӕма фӕци, афтӕ ӕрбахӕццӕ Самуел, ӕмӕ Саул йӕ размӕ рауади салам ын раттынмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ