1 Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Давид басаста филистимӕгты ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодта. Сӕ къухӕй сын байста Метег-Аммайы сахар.
Израилы адӕм, ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕ дӕр, сӕхимидӕг быцӕу ныхас систой: «Паддзах нӕ фервӕзын кодта не знӕгтӕй, суӕгъд нӕ кодта филистимӕгты къухӕй, йӕхӕдӕг та, Авессаломӕй лидзгӕйӕ, ныууагъта йӕ зӕхх.
Йоав ӕмӕ Авишай фӕсте асырдтой Авнеры ӕмӕ хурныгуылдмӕ схӕццӕ сты, Гивоны ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕндагыл Гиахы акомкоммӕ цы къуылдым ис, Амма, зӕгъгӕ, уырдӕм.
Ды мӕ бахызтай дзыллӕйы змӕстытӕй, адӕмты сӕргъы мӕ сӕвӕрдтай ӕмӕ, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтон, уыдон дӕр мын лӕггад кӕнынц ныр.
Филистимӕгтӕ фехъуыстой, Давиды Израилӕн паддзахӕй кӕй байсӕрстой, уый ӕмӕ ӕмхуызонӕй йӕ агурӕг фӕраст сты, ӕрцахсӕм ӕй, зӕгъгӕ. Давид уый куы базыдта, уӕд фидары бацыд.
Давид сӕххӕст кодта Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ филистимӕгты дӕрӕн кодта Гевӕйӕ суанг Гезеры онг.
Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз демӕ уыдтӕн ӕмӕ дын де знӕгты иууылдӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, кадджындӕр цы нӕмттӕ ис а зӕххыл, уыдонӕй иу уыдзӕни.
О Хуыцау, фехъус мын ме ’рдиаг! Айс мын мӕ куывд!
мыггагмӕ Хуыцауы раз паддзахиуӕг куыд кӕна, уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕй куыд хъахъхъӕной.
Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, сӕхгӕдтой-иу домбӕйтты дзыхтӕ,
пиллон арт-иу бамынӕг кодтой, карды комӕй-иу аирвӕзтысты, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ-иу сӕм хъару фӕзынди. Хӕсты уыдысты тыхджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕндӕрбӕстӕгты ӕфсӕдтӕ.
Афтӕ саст ӕрцыдысты филистимӕгтӕ ӕмӕ Израилы арӕнтӕм нал бырстой. Дунедарӕг сӕ суанг Самуелы амӕлӕты онг уӕлӕмӕ скӕсын нал суагъта.