Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 7:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз демӕ уыдтӕн ӕмӕ дын де знӕгты иууылдӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, кадджындӕр цы нӕмттӕ ис а зӕххыл, уыдонӕй иу уыдзӕни.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 7:9
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.


Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид Дунедарӕджы кадӕн скодта ацы зарӕг.


Ӕз Де ’ххуысы фӕрцы басӕттын ме знӕгты, мӕ Хуыцауимӕ схизын ӕнӕбасӕтгӕ сисмӕ.


Зӕххы рыгау сӕ дымгӕмӕ ныддардтон, уынгты цъыфау сӕ мӕ къӕхты бын бассӕстон.


Мӕнӕ Давиды фӕстаг ныхӕстӕ: «Дзуры Давид, Йессейы фырт, Хуыцау бӕрзонд кӕй систа, уыцы адӕймаг, Йаковы Хуыцауы байсӕрст, Израилы Сӕрхъуызой кӕй уарзы, уый.


Давиды хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уыди йемӕ.


Давид йӕхицӕн ном скодта, Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй ӕстдӕс мины куы ныццагъта, уӕд.


Йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта Едомы, ӕнӕхъӕн Едом сӕ къухы уыд, ӕмӕ адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта.


Давид йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.


Кӕдӕмфӕнды цыдаис — алы ран дӕр Ӕз уыдтӕн демӕ ӕмӕ дын де знӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагътон. Ӕз дын дӕ ном скадджын кӕндзынӕн, ацы зӕххыл кадджындӕр цы нӕмттӕ ис, уыдонӕй иу уыдзӕни.


Дӕумӕ-иу дзынӕзтой ӕмӕ-иу фервӕзтызты, сӕхи дыл фӕдзӕхстой ӕмӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл сты.


Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.


Йе ’ппӕт хъуыддӕгты дӕр-иу разынд ӕнтыстджын, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг аудыдта.


Филистимаг ӕлдӕрттӕ-иу рацыдысты хӕцынмӕ, ӕмӕ-иу Давид алы хатт дӕр Саулы иннӕ дӕлдӕртӕй ӕнтыстджындӕр разынд, ӕмӕ йӕ ном тынг скадджын ис.


Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.


Афтӕ уыцы иу бон фӕмард сты Саул ӕмӕ йе ’ртӕ фырты, стӕй йӕ хотыхдар ӕмӕ йӕ адӕм се ’ппӕт дӕр.


Уыйадыл Хуыцауы Фидыды Чырын Екронмӕ арвыстой. Екроны цӕрджытӕ йӕ куы федтой, уӕд нырдиаг кодтой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын нӕм ӕрбахастой, цӕмӕй быныскъуыд фӕуӕм».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ