Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 7:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 7:8
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Натан Давидӕн загъта: «Уыцы лӕг ды дӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Израилӕн дӕ паддзахӕй Ӕз байсӕрстон. Фервӕзын дӕ кодтон Саулы къухӕй,


Сылгоймаг загъта: «Дӕхӕдӕг Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕмӕн архайыс? Паддзах йӕ уынаффӕйӕ йӕхи азымджын кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг, кӕй атардта, уыцы фырты фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхта.


Мӕнӕ Давиды фӕстаг ныхӕстӕ: «Дзуры Давид, Йессейы фырт, Хуыцау бӕрзонд кӕй систа, уыцы адӕймаг, Йаковы Хуыцауы байсӕрст, Израилы Сӕрхъуызой кӕй уарзы, уый.


Давид мӕлӕтхӕссӕг зӕды куы федта, уӕд Дунедарӕгӕн загъта: «Тӕригъӕды ӕз куы бацыдтӕн, фыдракӕнд ӕз куы сарӕзтон, уӕд ацы фыстӕ та цы аххосджын сты? Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».


Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».


Давид ын дзуапп радта: «Уыдоны раз нӕ, фӕлӕ мӕ дӕ фыд ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы бӕсты Израилӕн, Дунедарӕджы адӕмӕн, фӕтӕгӕй Чи равзӕрста, Уый раз! Дунедарӕджы раз кафынмӕ ӕз цӕттӕ дӕн!


Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды, Дӕ цагъары, кад ӕмӕ радӕй Дын кӕй лӕггад кодта ӕмӕ Дыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивта, уый тыххӕй. Дӕ хорзӕх ӕй ис абон дӕр, ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадын кодтай йӕ фырты.


«Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй Мӕ номыл уым хӕдзар арӕзт ӕрцӕуа, фӕлӕ равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы Мӕ ном цӕра, ӕмӕ равзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы сӕргъы».


Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы фӕтӕг.


Давид Хуыцауӕн загъта: «Адӕмы ӕз нӕ банымайын кодтон? Тӕригъӕдджын ӕз куы фӕдӕн, фыд ӕз куы ракодтон, уӕд ацы фыстӕ цы азымджын сты? О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Дӕ адӕмы сафыны бӕсты фӕлтау Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».


Фӕлӕ мын Дунедарӕг фысты рӕгъау ныууадзын кодта ӕмӕ загъта: „Ацу ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн Мӕ адӕмӕн, Израилӕн“.


Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Йаковы Хуыцауӕн хӕдзар саразыны бар.


Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы.


Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.


«Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ