Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 7:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Натан загъта паддзахӕн: «Дӕ зӕрдӕ дӕм куыд дзуры, афтӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг демӕ ис».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 7:3
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг раргом ис Натанмӕ:


Ӕрмӕст сауджын Цадок, Йеходайы фырт Бенайа, пехуымпар Натан, Шими, Реи, стӕй Давиды ӕхсарджынтӕ Адониайы фарс нӕ рахӕцыдысты.


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ куы схӕццӕ ис Кармелы хохмӕ, уӕд йӕ разы ныддӕлгом ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕн ныхъхъӕбыс кодта. Гиези йӕ иуварс акӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг баурӕдта: «Ныууадз ӕй, йӕ зӕрдӕ рыст у, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг мӕнӕй басусӕг кодта, нӕ мын ӕй схъӕр кодта».


Афтӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул! Мӕ зӕрды уыди Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, номыл хӕдзар саразын.


Паддзах Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, ме ’фсымӕртӕ, мӕ адӕм! Мӕ зӕрды уыди, Дунедарӕджы Фидыды Чырын, нӕ Хуыцауы къахӕрӕвӕрӕн, кӕм ӕрӕнцой кӕна, ахӕм хӕдзар саразын, ӕрцӕттӕ йын кодтон аразӕн ӕрмӕг дӕр.


Паддзах Давиды хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты зонынджын Самуелы азфыстыты, пехуымпар Натаны азфыстыты ӕмӕ зонынджын Гады азфыстыты.


Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста.


Схайджын ӕй кодтай Дӕ бирӕ арфӕтӕй, йӕ сӕрыл ын сыгъзӕрин кады худ ӕркодтай.


Дӕ азарӕй мӕ буарыл ӕгас бынат нал баззад; мӕ тӕригъӕдты фыдӕй ме стджыты рыст нал ӕнцайы.


Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.


Ӕппӕт уыдӕттӕ дыл куы ’рцӕуа, уӕд-иу уавӕртӕм гӕсгӕ дарддӕр архай, уымӕн ӕмӕ дыл Хуыцау ауды.


Йӕ хотыхдар ын дзуапп радта: «Куыддӕриддӕр дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн. Дӕхиуыл куыд ӕууӕндыс, мӕныл дӕр афтӕ ӕууӕнд».


Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ