2 Паддзахӕдтӕ 7:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст27 Ды, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Дӕ цагъарӕн хӕдзар саразынӕй зӕрдӕ бавӕрдтай, ӕмӕ Дӕм кувын дӕр уымӕн уӕндын. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уый Мын, Мӕ цагъар Давидау, куы аразай, Мӕ фӕдыл куы цӕуай, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттыл дӕхи куынӕ тигъ кӕнай ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дыл ауддзынӕн. Давидау дӕуӕн дӕр дӕ паддзахы хӕдзарвӕндаг сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ, Израил дын бакӕндзынӕн дӕ къухы.
Хабар дӕуӕн зӕгъинагыл банымадтон: балхӕн ӕй — ам чи бады, уыдон ӕмӕ дын мӕ адӕмы хистӕртӕ ӕвдисӕн уыдзысты. Кӕд дӕхимӕ ӕрвады хӕс исыс, уӕд ӕй балхӕн. Кӕд разы нӕ дӕ, уӕд мын ӕй зӕгъ, ӕмӕ йӕ зонон; уымӕн ӕмӕ йӕ иннӕты разӕй дӕуӕн ӕмбӕлы балхӕнын, дӕ фӕстӕ та — мӕнӕн». Уый йын дзуапп радта: «Ӕз ӕй балхӕндзынӕн».