24 Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау!
Ӕз сараздзынӕн фидыд демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ, мыггагмӕйы фидыд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: Ӕз уыдзынӕн дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддаджы Хуыцау.
Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».
Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.
О Дунедарӕг Хуыцау, Дӕ цагъар ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы ныхас загътай, уый ныффидар уӕд ӕнустӕм! Куыд загътай, афтӕ бакӕн!
Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау.
Ахӕм у, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уыдоны хъысмӕт, стӕй, сӕ фӕдыл цӕуын чи уарзы, уыдоны кӕрон.
Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. Уый мӕ Хуыцау у, ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн, Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн!
Скӕндзынӕн уӕ Мӕ адӕм ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, Мысыры ӕфсондзы бынӕй уӕ Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау — кӕй ракодтон, уый.
Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»
«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».
Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.
Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау.
Фӕлӕ израилӕгтӕ сбирӕ уыдзысты денджызы змисау — банымайӕн дӕр ӕмӕ сбарӕн дӕр кӕмӕн нӕй. Ӕмӕ сын афтӕ кӕм загъдӕуыд: «Сымах Мӕ адӕм не стут», зӕгъгӕ, уым сын дзурдзысты: «Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ».
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Фӕлӕ Йӕ чи айста ӕмӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн та радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.
Дунедарӕг та загъта сымахӕн, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Йе ’взӕрст адӕм кӕй уыдзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнат.
Моисей, сауджын левиттӕ йемӕ, афтӕмӕй загъта ӕгас Израилӕн: «Лӕмбынӕг хъусут, израилӕгтӕ! Абон сымах баистут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, адӕм.
Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕсӕр адӕм, Дунедарӕгӕн афтӕ фидут Йӕ хӕрзтӕ? Ӕви Уый уӕ Фыд, уе Сфӕлдисӕг нӕу? Ӕви уӕ Уый нӕ равзӕрын ӕмӕ нӕ рантысын кодта?
«Кӕддӕр адӕм нӕ уыдыстут, ныр та — Хуыцауы адӕм. Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат, ныр та дзы хайджын стут».