Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 7:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕмӕ иуахӕмы паддзах пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Хуыцауы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 7:2
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уриа йын дзуапп радта: «Фидыды Чырын, стӕй Израил ӕмӕ Иудӕйы ӕфсад цатырты куы сты, мӕ хицау Йоав ӕмӕ мӕ паддзахы хӕстонтӕ тыгъд быдыры рӕсӕнуаты куы бадынц, уӕд ӕз мӕ хӕдзармӕ куыд бацӕуон, куыд хӕрон ӕмӕ куыд нуазон ӕмӕ мӕ усы фарсмӕ куыд хуыссон? Сомы кӕнын Хуыцауӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз уый нӕ бакӕндзынӕн».


Дунедарӕг Давидмӕ барвыста пехуымпар Натаны. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Иу сахары уыди дыууӕ лӕджы, сӕ иу бонджын, иннӕ та мӕгуыр.


Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, ӕмӕ Давидӕн галуан сарӕзтой.


Дунедарӕджы Фидыды Чырын бахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым нысангонд бынаты сӕвӕрдтой. Давид Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхаста.


Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.


Вирсави йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбахызт пехуымпар Натан. Паддзахӕн фехъусын кодтой: «Пехуымпар Натан ам ис». Уӕд уый паддзахы размӕ бацыд ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывта.


Ӕрмӕст сауджын Цадок, Йеходайы фырт Бенайа, пехуымпар Натан, Шими, Реи, стӕй Давиды ӕхсарджынтӕ Адониайы фарс нӕ рахӕцыдысты.


Натаны фырт Азариа — уллуты хицау; Натаны фырт Завуд, сауджын — паддзахӕн йӕ уынаффӕйы лӕг;


Мӕ фыд Давиды фӕндыди Кувӕндон саразын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номыл.


Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, цӕмӕй йын галуан саразой.


Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахастой ӕмӕ йӕ, Давид ын цы цатыр сарӕзта, уым сӕвӕрдтой. Стӕй Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.


Афтӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул! Мӕ зӕрды уыди Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, номыл хӕдзар саразын.


Паддзах Давиды хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты зонынджын Самуелы азфыстыты, пехуымпар Натаны азфыстыты ӕмӕ зонынджын Гады азфыстыты.


Хуыцауы Фидыды Чырын йӕ заманы Давид Кирйат-Иаримӕй ӕрбахаста, Йерусалимы йын цы бынат скодта, уырдӕм.


Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста.


Паддзах Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл райдианӕй кӕронмӕ дзырдӕуы пехуымпар Натаны азфыстыты, силомаг Ахийайы рагуацты чиныджы ӕмӕ, зонынджын Йеддойӕн Наваты фырт Йоровамы тыххӕй Хуыцау цы цӕстылуайӕнтӕ раргом кодта, уыдоны.


Уый у ӕвзаргӕ оливӕйы сойау, Ааронӕн йӕ сӕрӕй йӕ боцъомӕ, боцъойӕ та йӕ дарӕсы кӕрӕттӕм чи тӕдзы.


Стӕй Фидыды Чырын бахаста ӕмӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ йӕ мидӕмбӕрзӕнӕй сӕхгӕдта.


Ӕмӕ сымахӕн та уӕ хорз хӕдзӕртты цӕрын афон у, ацы хӕдзар заууатмӕ куы ’рцыди, уӕд?»


Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдыл ӕрлӕууыди, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Дӕ Хӕдзары мӕт Мӕ удхарӕй мары».


Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Йаковы Хуыцауӕн хӕдзар саразыны бар.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ