Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 7:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, о Бардарӕг Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай! Афтӕ аудыс адӕймагыл Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 7:19
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

дӕ паддзахы хӕдзар ӕмӕ дын йӕ устыты радтон, Израил ӕмӕ дын Иудӕйы дӕ бӕрны бакодтон. Ӕмӕ дын кӕд уый фаг нӕ уыди, уӕд ма дын сӕм иу ахӕм бафтыдтаин.


Дунедарӕг уын канд уыцы хорз нӕ ракӕндзӕни, фӕлӕ ма уын уӕ къухтӕм ратдзӕни моавӕгты дӕр.


Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай. Цыма стыр лӕг дӕн, афтӕ аудыс Ды мӕныл, о Дунедарӕг Хуыцау!


Ӕдзӕмӕй ӕрлӕуу Дунедарӕджы раз, дӕ зӕрдӕ Йыл дар. Йӕ царды бирӕ кӕмӕн ӕнтысы, уыцы фӕлитойтӕм ма хӕлӕг кӕн!


Сойджын сӕрвӕты кӕй хизут, уый сымах фагыл нӕ нымайут ӕмӕ йын йӕ уӕлдай ссӕндут уӕ къӕхтӕй; сымах нуазут сыгъдӕг дон, йӕ уӕлдай та йын змӕнтут уӕ къӕхтӕй,


Йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕй нӕ ракодтай, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры не сӕфт ссарӕм, ӕмӕ дын уый фаг нӕу? Ноджы ма дӕ махӕн хицау суӕвын дӕр фӕнды?


Израилы Хуыцау уӕ израилӕгты ’хсӕнӕй равзӕрста ӕмӕ уӕ Йӕхимӕ ӕрбахӕстӕг кодта, Уаз Цӕрӕны кусыны ӕмӕ уын дзыллӕйӕн лӕггад кӕныны бар радта. Ау, уый уын фаг нӕу?


цӕмӕй фидӕны ӕнусты равдиса, куыд ӕгӕрон сты Йӕ хорзӕх ӕмӕ, Йесо Чырыстийы руаджы махмӕ кӕй равдыста, Йӕ уыцы уарзт.


Уый йын дзуапп радта: «Сӕ иу дӕр нӕ. Ӕз Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг дӕн, ӕмӕ уымӕн дӕн ам». Йешуа йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом, бафарста йӕ: «Ме ’лдар йӕ цагъарӕн цы зӕгъдзӕн?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ