17 Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.
Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, ӕмӕ лӕудзӕни дӕ паддзахы бадӕн Мӕ разы ӕнустӕм“».
Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыди, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай?
Ӕмӕ иуахӕмы паддзах пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Хуыцауы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».
Хуыцау ӕм кӕй раргом ис, уый тыххӕй Натан Давидӕн радзырдта, ӕппӕт ныхӕстӕ йын рафӕзмыдта.
Сымах зонут, ӕз кӕй ницы басусӕг кодтон, ахъаз уын цы уыди, уымӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕ уын амыдтон ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон адӕмы раз ӕмӕ хӕдзаргай.
Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.
Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз ӕрхастон, мӕхӕдӕг цы райстон, уыцы тӕккӕ сӕйрагдӕр: Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ Чырысти амарди нӕ тӕригъӕдты тыххӕй;