Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 7:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ыл, адӕммӕ куыд вӕййы, афтӕ уисӕй ӕрцӕудзынӕн, фыд йӕ фырты куыд фӕнӕмы, афтӕ йӕ фӕнӕмдзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 7:14
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕцӕг, паддзахад Соломонӕн йӕхи къухӕй нӕ байсдзынӕн. Йӕ амӕлӕты бонмӕ йын ӕй ныууадздзынӕн, Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кодта, кӕй равзӕрстон, Мӕ уыцы цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ.


Фӕлӕ Мыл, мыййаг, дӕ фырттимӕ уӕхи бынты-быны тигъ куы акӕнат ӕмӕ уын, цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радтон, уыдон куы не ’ххӕст кӕнат, фӕлӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувын ӕмӕ сын лӕггад кӕнын куы райдайат,


Ӕз уымӕн уыдзынӕн Фыд, уый та Мын уыдзӕни фырт. Мӕ хорзӕх дзы фӕстӕмӕ нӕ райсдзынӕн, дӕ размӕ чи уыд, уымӕй йӕ куыд райстон, афтӕ.


Соломон сараздзӕн Мӕ номыл хӕдзар. Уый уыдзӕни Мӕ фырт, Ӕз та уыдзынӕн Йӕ Фыд, ӕмӕ йын Израилы сӕргъы йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ“.


Афтӕ мын загъта: „Дӕ фырт Соломон Мын сараздзӕн Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ кӕртытӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ Мӕхицӕн равзӕрстон фыртӕн — Ӕз уыдзынӕн йӕ Фыд.


Тӕхудиаг у, Хуыцау зонды къахыл кӕй ӕвӕры, уый, уымӕ гӕсгӕ Ӕппӕтхъомысы ’фхӕрдыл дӕхи ма тигъ кӕн.


«Хъусын кӕнын Дунедарӕджы уынаффӕ: афтӕ мын загъта Уый: „Ды Мӕ фырт дӕ; ды Мын абон райгуырдтӕ.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн! Цы адӕмты ’хсӕн дӕ ныххӕлиу кодтон, уыдоны ныццӕгъддзынӕн, ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ фесафдзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дӕ бафхӕрдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».


Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».


Фӕлӕ нын Бардарӕг тӕрхон куы фӕкӕны ӕмӕ нӕ куы бафхӕры, уӕд нӕ Уый афтӕмӕй сраст кӕны, цӕмӕй нын иннӕ дунеимӕ иумӕ тӕрхон ма кӕна.


Ӕз сымахӕн уыдзынӕн Фыд, сымах та уыдзыстут Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мӕ чызджытӕ, — зӕгъы Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг».


Уӕдӕ фидарӕй зонут, лӕг йӕ фырты раст фӕндагыл куыд араза, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, раст фӕндагыл цӕуын ахуыр кӕны сымах дӕр.


Хуыцау зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ, Ды Мын абон райгуырдтӕ»? Кӕнӕ: «Ӕз Уымӕн уыдзынӕн Фыд, Уый та Мын уыдзӕни Фырт»?


Уӕлахиздзау райсдзӕнис ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз уыдзынӕн Йӕ Хуыцау, уый та уыдзӕни Мӕ хъӕбул.


Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ