13 Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм.
Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
Ды паддзахӕн стыр уӕлахизтӕ дӕттыс ӕмӕ мыггагмӕ аудыс Де ’взӕрст Давидыл ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтыл».
Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, ӕмӕ лӕудзӕни дӕ паддзахы бадӕн Мӕ разы ӕнустӕм“».
Ды, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Дӕ цагъарӕн хӕдзар саразынӕй зӕрдӕ бавӕрдтай, ӕмӕ Дӕм кувын дӕр уымӕн уӕндын.
Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны мӕ Чи сбадын кодта ӕмӕ, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ мын мӕ мыггаг чи сбӕрзонд кодта, Уымӕй: тӕккӕ ацы бон Адониа амӕлдзӕн».
Уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ мын цӕмӕй бавӕрдта, уый: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой, Мӕ сӕраппонд сӕ уд, сӕ зӕрдӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕныныл куы хъарой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы бадӕны“.
Паддзах Соломон та арфӕгонд уӕд, Давиды къӕлӕтджын мыггагмӕ дӕр ӕнӕфӕцудгӕ лӕууӕд Дунедарӕджы раз!»
Гъемӕ, зӕгъын, Кувӕндон саразон Дунедарӕгӕн, Мӕ Хуыцауӕн. Кӕддӕр Дунедарӕг уый кой ракодта мӕ фыд Давидӕн дӕр, зӕгъгӕ, Мӕ номыл Мын хӕдзар сараздзӕни дӕ фырт, дӕ фӕстӕ дын дӕ къӕлӕтджыны кӕй сбадын кӕнон, уый.
«Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай, Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын иууылдӕр куы ӕххӕст кӕнай, уӕд Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕу тыххӕй дӕ фыд Давидӕн цы дзырд радтон, уый: цы Кувӕндон Мын аразыс, уым, израилӕгты ’хсӕн, цӕрдзынӕн, Мӕ адӕмы ӕвӕгӕсӕгӕй нӕ ныууадздзынӕн».
Ныр Дын ӕз скодтон бӕрзонд ӕмӕ парахат Хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».
Стӕй загъта: — Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Уый Йе стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодта, кӕддӕр мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Афтӕ йын загъта:
фӕлӕ ды нӕ уыдзынӕ йӕ аразӕг. Мӕ номыл Мын Кувӕндон сараздзӕни дӕ фырт, дӕ туг ӕмӕ де стӕг».
Дунедарӕг Йерусалимы Йӕхи номыл цы Кувӕндон саразын кодта, уым Менассиа ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ.
Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндоны сӕвӕрдта, Дунедарӕг Давид ӕмӕ Соломонӕн афтӕ кӕмӕй загъта: «Мӕхицӕн Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй цы сахар равзӕрстон, уыцы Кувӕндоны, Йерусалимы, Мӕ ном цӕрдзӕни мыггагмӕ.
Фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ фӕндыд Иудейы адӕмы фесафын, Йӕ цагъар Давиды сӕр нымайгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Давидӕн ныфс бавӕрдта, йӕ байзӕддаг мыггагмӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уымӕй.
Хъусыс, Дунедарӕг дӕу равзӕрста Кувӕндон аразынӕн. Фидар лӕуу ӕмӕ бавнал!»
Суанг Дунедарӕджы Кувӕндоны дӕр, Дунедарӕг афтӕ кӕмӕй загъта, Йерусалимы Мӕ ном мыггагмӕ цӕрдзӕн, зӕгъгӕ, Менассиа нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта.
Уӕдӕ ныр, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, дӕ цагъар Давидӕн ма ноджы цы дзырд дардтай, уый дӕр сӕххӕст кӕн! Ды йын загътай: «Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой ӕмӕ дӕуау Ме ’гъдаумӕ гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы Израилы паддзахы къӕлӕтджыны баддзысты».
Рӕстудӕй нӕ аздахдзӕн Йе ’ргом, паддзӕхтимӕ йӕ ӕмсӕр скӕндзӕн, мыггагмӕ йӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ.
Ды адӕймаджы фӕстӕмӕ сыджытмӕ раздахыс, фӕзӕгъыс адӕмӕн: «Раздӕхут сыджытмӕ!»
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Йӕ цагъарӕн: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм фарны заман, фервӕзыны бон, ӕмӕ Дӕ Ӕз фехъусдзынӕн ӕмӕ Дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз Дӕ бахиздзынӕн фыдбылызӕй, Мӕ адӕмӕн скӕндзынӕн Мӕ фидыд. Ды сӕ ногӕй ӕрцӕрын кӕндзынӕ сӕ гӕныстоны зӕххыл, байуардзынӕ сын цӕрӕнуӕттӕ, сӕ бынтӕ.
Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.
Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды мыггагӕн Израилы паддзахы бадӕныл алкӕддӕр йӕ бар цӕудзӕни.
Цӕрдзысты, Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, сӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, ууыл. Уым мыггагмӕ цӕрдзысты сӕхӕдӕг дӕр, сӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаджы байзӕддаг дӕр. Мӕ цагъар Давид та мыггагмӕ уыдзӕни сӕ фӕтӕг.
Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.
Зӕгъ ын: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: мӕнӕ, Йӕ ном Ӕвзар кӕмӕн у, Уый, куы сырӕза, уӕд Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн.
Уый Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн ӕмӕ айсдзӕн Йӕ кад, Йӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзӕнис ӕмӕ хицауиуӕг кӕндзӕн. Сауджын та ӕрбаддзӕнис йӕхи бынаты, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрдзысты фидыдӕй.
Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
Фӕлӕ хӕдзар саразӕг хӕдзарӕй кадджындӕр куыд у, афтӕ Йесо дӕр Моисейӕ стырдӕр цыты аккаг у.
Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.