Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 7:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ сӕргъы тӕрхоны лӕгтӕ куы ӕвӕрдтон, уыцы заман куыд уыди, афтӕ. Ӕз дӕ сӕдас кӕндзынӕн уе ’ппӕт знӕгтӕй дӕр. Дунедарӕг дын зӕгъы, дӕуӕн Уый Йӕхӕдӕг кӕй сараздзӕни хӕдзар.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 7:11
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах ӕрцарди йӕ галуаны. Дунедарӕг ӕй сӕдас кодта йӕ алфамбылай знӕгтӕй.


Фӕлӕ Дӕм уый дӕр фаг нӕ фӕкасти, о Бардарӕг Хуыцау, ӕмӕ ма Дӕ цагъары хӕдзарвӕндагӕн йӕ дард сомбоны кой дӕр бакодтай! Афтӕ аудыс адӕймагыл Ды, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!


Ды, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Дӕ цагъарӕн хӕдзар саразынӕй зӕрдӕ бавӕрдтай, ӕмӕ Дӕм кувын дӕр уымӕн уӕндын.


Ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уый Мын, Мӕ цагъар Давидау, куы аразай, Мӕ фӕдыл куы цӕуай, Ӕз растыл цы нымайын, уыдӕттыл дӕхи куынӕ тигъ кӕнай ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дыл ауддзынӕн. Давидау дӕуӕн дӕр дӕ паддзахы хӕдзарвӕндаг сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ, Израил дын бакӕндзынӕн дӕ къухы.


Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны мӕ Чи сбадын кодта ӕмӕ, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ мын мӕ мыггаг чи сбӕрзонд кодта, Уымӕй: тӕккӕ ацы бон Адониа амӕлдзӕн».


Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ сӕргъы тӕрхоны лӕгтӕ куы ӕвӕрдтон, уыцы заман куыд уыди, афтӕ. Ӕз дын де ’ппӕт знӕгты дӕр басӕтдзынӕн. Хъусын дын кӕнын: Дунедарӕг дын сараздзӕни хӕдзар.


Соломон сараздзӕн Мӕ номыл хӕдзар. Уый уыдзӕни Мӕ фырт, Ӕз та уыдзынӕн Йӕ Фыд, ӕмӕ йын Израилы сӕргъы йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн мыггагмӕ“.


Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,


Рӕстгӕнджытӕ цинӕй райынц, уыдӕттӕ уынгӕйӕ, ӕнаккӕгтӕн та сӕ бон зӕгъын дӕр ницыуал вӕййы.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Тӕхудиаг сты, Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, Йӕ фӕндӕгтыл Ын чи цӕуы, уыдон!


Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!


Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын зӕнӕгӕй амонд радта.


Куырыхон сылгоймаг — хӕдзаргӕнӕг, ӕдылы ус та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы.


Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, сӕхгӕдтой-иу домбӕйтты дзыхтӕ,


Ӕз та Мӕхицӕн сӕвӕрдзынӕн иузӕрдион сауджын, Мӕ фӕндон Мын чи ӕххӕст кӕна, ахӕм. Ӕз ын даргъ-уӕрӕх ауадздзынӕн йӕ хӕдзарвӕндаг, ӕмӕ ӕнусмӕ лӕггад кӕндзӕни Мӕ байсӕрст паддзахӕн.


Дӕ цагъарӕн йӕ азым ныббар. Дунедарӕг ме ’лдарӕн ӕмӕ йӕ хӕдзарӕн ӕнӕмӕнг ратдзӕни мыггагмӕйы паддзахиуӕджы бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы хӕстыты архайы ме ’лдар, ӕмӕ дӕм дӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонты дӕр хӕрамдзинад нӕ разындзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ