10 Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, бынат скӕндзынӕн, уым сӕ ӕрбындурон кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты; ӕнаккӕгтӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау,
Израилӕгтӕ Мӕм куы хъусой, Мӕ цагъар Моисей сын Мӕ номӕй цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕ иу дӕр нӕ фӕхауӕццаг уыдзӕни, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтон, уымӕй».
Ӕз Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, скӕндзынӕн бынат, уым сын сӕ уидӕгтӕ ауадздзынӕн ӕмӕ сӕхицӕн ӕдасӕй цӕрдзысты, ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ нал ӕфхӕрдзысты раздӕрау,
Ӕз израилӕгты, сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уымӕй никуыуал фӕхауӕццаг кӕндзынӕн, кӕд, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ, Моисейы уылты сын кӕй радтон, уыцы Ӕгъдау, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕной, уӕд».
Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ. Мӕ зарӕг — Паддзахыл. Ме ’взаг — дӕсны фыссӕджы сис.
Дӕ кард Дӕ фарсыл ӕрбабӕтт, Хъомысджын, Дӕ уӕлӕ ’ркӕн Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъомыс,
Уынгӕджы сахат Мӕм сдзынӕзтай, ӕмӕ дӕ Ӕз фервӕзын кодтон, сау ӕврагъы хуылфӕй дын дзуапп радтон, Меривайы доны цур дӕ бафӕлвӕрдтон.
Мӕ адӕм, ӕрбайхъусут-ма ногӕй Мӕ фӕдзӕхстмӕ! О Израил, куы Мӕм байхъусис!
Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».
Дунедарӕг, Ды ӕрцӕрын кӕндзынӕ уыдоны Дӕ хохыл! Дӕхицӕн цӕрӕн кӕм сарӕзтай, Бардарӕг, Дӕ къухӕй Уаз Цӕрӕн кӕм скодтай, уым!
йӕ мӕрмӕ йын базылд, дзӕбӕх ӕй схӕмпус кодта, йӕ дуртӕ йын ӕруыгъта, ӕвзаргӕ сӕнӕфсиры талатӕ дзы ныссагъта. Хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, сӕндуцӕн дӕр скъахта. Хӕрзад гагатӕм ӕнхъӕлмӕ касти, фӕлӕ йӕ сӕнӕфсир хъӕддаг разынди.
Израилы адӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон; Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ. Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй, фӕлӕ туг ныууарыди, рӕстдзинад сӕ домдта, фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.
Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.
Дӕ адӕм уыдзысты рӕстгӕнджытӕ, ӕмӕ, цы зӕхх сфӕлдыстон, дыргъдонау кӕй сарӕзтон, уый мыггагмӕ уыдзӕни сӕ исбон. Ӕмӕ Мӕ кады ном айхъуысдзӕн адӕмтыл.
Ӕз сфӕнд кӕнын искӕцы адӕм кӕнӕ паддзахад сфидар ӕмӕ ӕрбынӕттон кӕнын.
Сӕ фарны сӕраппонд сӕм ӕркӕсдзынӕн ӕмӕ сӕ ацы зӕхмӕ раздахдзынӕн. Мӕ фӕрцы сфидар уыдзысты, ӕмӕ сӕ нал ныддӕрӕн кӕндзынӕн, куы сӕ байтауон, уӕд сӕ нал срӕдувдзынӕн.
Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Израилы адӕмӕн нал уыдзӕни, рӕхойӕг какон сындзау, бӕхсындзау ӕй чи тыхсын кӕна ӕмӕ йыл ӕлгъ чи кӕна, ахӕм сыхӕгтӕ“. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».
Уыцы бон Ӕз быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон хилӕгойты адӕмимӕ бафидауын кӕндзынӕн; уыцы зӕххыл кард, ӕрдын ӕмӕ хӕстӕн сӕ кой дӕр фесафдзынӕн, ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй.
Сӕхи зӕххыл сын ауадздзынӕн сӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ сӕ ничиуал срӕдувдзӕн, Ӕз сын кӕй радтон, уыцы зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, дӕ Хуыцау.
Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ, раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта».
Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой.
Филистимӕгты рӕсӕнуатӕй ӕртӕ къорды рацыд бӕстӕ гӕныстон кӕнынмӕ. Сӕ иу араст Офрамӕ фӕндагыл, Шуалы зӕхмӕ,