Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Паддзах ӕрцарди йӕ галуаны. Дунедарӕг ӕй сӕдас кодта йӕ алфамбылай знӕгтӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 7:1
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, ӕмӕ Давидӕн галуан сарӕзтой.


Саулы чызг Мелхолӕйӕн йӕ амӕлӕты бонмӕ цот нӕ рацыд.


Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ сӕргъы тӕрхоны лӕгтӕ куы ӕвӕрдтон, уыцы заман куыд уыди, афтӕ. Ӕз дӕ сӕдас кӕндзынӕн уе ’ппӕт знӕгтӕй дӕр. Дунедарӕг дын зӕгъы, дӕуӕн Уый Йӕхӕдӕг кӕй сараздзӕни хӕдзар.


Ныр мӕнӕн та Дунедарӕг радта ӕнцой, фыдгул мын нал ис ӕмӕ сӕдас дӕн алырдыгӕй дӕр.


Давид басидт йӕ фырт Соломонмӕ ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста хӕдзар саразын Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн.


Афтӕ йын загъта: «Мӕ хъӕбул! Мӕ зӕрды уыди Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, номыл хӕдзар саразын.


Паддзах Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, ме ’фсымӕртӕ, мӕ адӕм! Мӕ зӕрды уыди, Дунедарӕджы Фидыды Чырын, нӕ Хуыцауы къахӕрӕвӕрӕн, кӕм ӕрӕнцой кӕна, ахӕм хӕдзар саразын, ӕрцӕттӕ йын кодтон аразӕн ӕрмӕг дӕр.


Цалынмӕ бӕстӕ сабыр уыди, уӕдмӕ Иудейы фидаргонд сахартӕ сарӕзта. Уыцы азты йемӕ ничи хӕцыд, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕг сабырдзинад балӕвар кодта.


Ӕмӕ Иосафаты паддзахады ралӕууыди сабыр заман, Дунедарӕг ӕй алырдыгӕй дӕр сӕдас кодта.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Фондз таланты чи райста, уый уайтагъд ацыд, спайда сӕ кодта ӕмӕ ма сӕ ноджы фондз таланты бакуыста.


Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Йаковы Хуыцауӕн хӕдзар саразыны бар.


Дунедарӕг сын удӕнцой цард радта алырдыгӕй дӕр, сӕ фыдӕлтӕн ард куыд бахордта, афтӕ. Сӕ фыдгултӕй иунӕджы бон дӕр сӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ бацис. Иууылдӕр сын сӕ Дунедарӕг радта сӕ къухтӕм.


Дунедарӕг Израилы йӕ алыварс знӕгтӕй куы сӕдас кодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд. Йешуа хӕрз зӕронд бацис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ