Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 6:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ тӕккӕ уыцы ран ӕрцавта; Узза мардӕй ӕрхауди Хуыцауы Фидыды Чырыны раз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 6:7
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид тынг фӕмаст кодта, Дунедарӕг Уззайы кӕй ӕрцавта, ууыл, ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Перец-Узза. Абон дӕр афтӕ хуыйны.


Фидыды Чырынмӕ къухӕй кӕй февнӕлдта, уый тыххӕй Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ ӕрцавта. Узза уыцы ран, Хуыцауы раз, мардӕй ӕрхауди.


Амӕй размӕ Фидыды Чырын хӕсджытӕ сымахӕй кӕй нӕ уыдысты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕнувыд ыл кӕй нӕ уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау».


Стӕй Давид загъта: «Ӕрмӕстдӕр левиттӕн ис Хуыцауы Фидыды Чырын хӕссыны бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдоны равзӕрста Фидыды Чырын хӕссынӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн мыггагмӕ лӕггад кӕнынӕн».


Уаз Цӕрӕн сисын куы хъӕуа, уӕд ӕй левиттӕ райхалӕнт, сӕвӕрын ӕй куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕй уыдон ӕрцаразӕнт. Уаз Цӕрӕнмӕ ’ндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.


Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.


Иу дӕс боны фӕстӕ йӕ Дунедарӕг ӕрцавта, ӕмӕ амард.


Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ