6 Нахоны мусы цурмӕ куыд бахӕццӕ сты, афтӕ ифтыгъд галтӕ уӕрдон фӕкъул кодтой, ӕмӕ Узза Фидыды Чырынмӕ къухӕй февнӕлдта, ма рахауа, зӕгъгӕ.
Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Йосефы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой, фӕхъыг ыл кодтой авд боны.
Кидоны мусы цурмӕ куыд бахӕццӕ сты, афтӕ ифтыгъд галтӕ уӕрдон фӕкъул кодтой, ӕмӕ Узза Фидыды Чырынмӕ къухӕй февнӕлдта, ма рахауа, зӕгъгӕ.
Фӕндагмӕ уӕхи куы рӕвдз кӕнат, уӕд уал раздӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕмбӕрзӕнт, ӕмӕ сӕм ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ Кехаты фырттӕ хӕссынмӕ бацӕуӕнт: уаз дзауматӕй сын андзӕвӕн ницӕуыл ис, науӕд амӕлдзысты. Фембӕлды Цатыры уаз дзауматӕ хӕссын у Кехаты фыртты хӕс.
«Левитты ’хсӕнӕй Кехаты хӕдзарвӕндаг ма бауадзут фесафын.