Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 6:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Иууылсудзинаг нывӕндтӕ куы ӕрхаста, уӕд Уӕларвӕфсады Бардарӕджы номӕй адӕмӕн арфӕ ракодта

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 6:18
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Аврам Иууылбӕрзонд Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй!


ӕмӕ стӕй ӕппӕт адӕмӕн, чи ӕрбамбырд ис, уыцы израилӕгтӕн, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, фӕйнӕ дзулы, финикты ӕмӕ чисмисты фӕйнӕ гуылы байуӕрста. Уый фӕстӕ адӕмӕй алчи йӕ хӕдзармӕ ацыд.


Уый фӕстӕ паддзах йе ’ргом раздӕхта израилӕгты дзыллӕмӕ ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр арфӕ ракодта.


Стӕй загъта: — Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Уый Йе стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодта, кӕддӕр мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Афтӕ йын загъта:


ӕмӕ Израилы дзыллӕйӕн хъӕрӕй раарфӕ кодта:


Иууылсудзинаг нывӕндтӕ куы ӕрхаста, уӕд Дунедарӕджы номӕй Давид адӕмӕн арфӕ ракодта


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ адӕмӕн арфӕтӕ кодтой, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ куывд айста, уымӕн ӕмӕ сӕ куывд ссыди уӕларвмӕ, Йӕ уаз цӕрӕнмӕ.


Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ куы ’рбацыдысты ӕмӕ уыцы кӕритӕ куы федтой, уӕд арфӕ ракодтой Дунедарӕгӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.


Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр лӕууыдысты йӕ разы, Паддзах сӕм разылд ӕмӕ сын арфӕ ракодта.


Уый фервӕзын кӕндзӕн Израилы йе ’ппӕт тӕригъӕдтӕй.


Моисей федта, адӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхст кӕй сӕххӕст кодтой, ӕппӕт куыстытӕ дӕр кӕй фесты, уый ӕмӕ сын раарфӕ кодта.


Хуыцау Йӕ Фырты мӕрдтӕй куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста, цӕмӕй уын Уый арфӕ ракӕна ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза».


Уый фӕстӕ сын Йешуа раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ