Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 6:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Давиды сахармӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын куы бацӕйластой, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды Дунедарӕджы раз фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 6:16
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид Саулы фырт Йевосфетмӕ лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Ратт мын мӕ ус Мелхолӕйы. Ӕз ууыл филистимӕгты сунӕты сӕдӕ лыггаджы бафыстон».


Фӕлӕ Давид басаста Сионы фидар, ӕмӕ уый ныр Давиды сахар у.


Хъӕртӕ ӕмӕ сыкъауадындзы зӕлтимӕ Давид ӕмӕ ӕгас Израил ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын.


Давид сӕхимӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ӕй фӕндыди йӕхи хӕдзарӕн дӕр арфӕ ракӕнын. Саулы чызг Мелхолӕ йӕ размӕ рауад ӕмӕ загъта: «Куыд фесгуыхти абон Израилы паддзах! Ӕдылыйау йӕ цагъарты унӕутты раз йӕхи куыд сбӕгънӕг кодта!»


Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахары къӕсӕрӕй куы бахызти, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.


удӕгасӕй нӕ аныхъуырдтаиккой сӕ судзгӕ масты пиллонӕй.


Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.


Уыдис, худгӕ сыл чи кодта, ахӕмтӕ дӕр: «Адджын сӕнӕй сӕхимӕ ӕгӕр фӕкастысты».


Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.


Саул Давидӕн загъта: «Мӕ хистӕр чызг Меравы дын ратдзынӕн. Ӕрмӕст мын ӕхсарджын у ӕмӕ Дунедарӕджы хӕстыты архай». Йӕхинымӕр та дзырдта: «Мӕхи къухӕй нӕ, фӕлӕ филистимӕгты къухӕй амӕлӕд».


Ныр Давиды та бауарзта Саулы иннӕ чызг, Мелхолӕ. Саул уый куы фехъуыста, уӕд ын ӕхсызгон уыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ