Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 6:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Паддзах Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Хуыцауы Фидыды Чырыны фӕрцы Овед-Едом ӕмӕ йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты, зӕгъгӕ. Давид ацыд ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй Давиды сахармӕ цингӕнгӕ ӕрбахаста.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 6:12
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Давид басаста Сионы фидар, ӕмӕ уый ныр Давиды сахар у.


Иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах Соломон фӕсидти Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй сын Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй (сахарӕн йӕ иннӕ ном — Сион) рахӕссын кӕна.


Израилы хистӕртӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сауджынтӕ Фидыды Чырын се уӕхсчытӕм систой.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Фембӕлды Цатыр, стӕй, Цатыры цы уаз дзауматӕ уыди, уыдон иууылдӕр.


Ӕмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ кӕддӕр Моисей куыд фӕдзӕхста, афтӕ левиттӕ Хуыцауы Фидыды Чырын хъилтыл ӕвӕрдӕй се уӕхсчытыл рахастой.


Давид, Израилы хистӕртӕ ӕмӕ миныхицӕуттӕ ацыдысты ӕмӕ Овед-Едомы хӕдзарӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕрбахастой.


Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта, Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.


Овед-Едомы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Шемайа, дыккаг — Йозавад, ӕртыккаг — Йоах, цыппӕрӕм — Сахар, фӕндзӕм — Нетанел,


ӕхсӕзӕм — Аммиел, ӕвдӕм — Иссахар, ӕстӕм — Пеуллетай. Афтӕ Овед-Едомӕн раарфӕ кодта Хуыцау.


Паддзах Соломон басидт Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй, Сионы хохӕй, хаст ӕрцӕуа.


Мӕ ахуыргӕнинаг кӕй у, уый тыххӕй ацы кӕстӕртӕй искӕцыйӕн ӕрмӕст уазал доны къус чи ратта, уый дӕр, ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ баззайдзӕни».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ