11 Дунедарӕджы Фидыды Чырын гатаг Овед-Едомы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ йын Дунедарӕг арфӕ ракодта йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн дӕр.
Лаван ын афтӕ: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд дӕ курын, ӕмӕ баззай! Дӕсныфӕрсгӕйӕ мын раргом ис, Дунедарӕг мӕнӕн дӕу тыххӕй кӕй раарфӕ кодта, уый».
Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?
Ахӕстоны хицау йӕхӕдӕг, Йосефы бӕрны цы уыди, уыдӕттӕй йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын.
Давиды нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахармӕ аласын ӕмӕ йӕ гатаг Овед-Едомы хӕдзармӕ арвыста.
Овед-Едомы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Шемайа, дыккаг — Йозавад, ӕртыккаг — Йоах, цыппӕрӕм — Сахар, фӕндзӕм — Нетанел,