1 Давид та ногӕй ӕрӕмбырд кодта Израилы ӕвзаргӕ лӕгты, дӕс ӕмӕ ссӕдз мины бӕрц,
Мӕн ницы хъӕуы. Ӕрмӕст, мӕ адӕмӕн хӕлцыл цы бахардз ис, уый мын бафид ӕмӕ, мӕ фарсмӕ чи хӕцыди, уыдонӕн, Анер, Ешкол ӕмӕ Мамрейӕн, цы хай ӕмбӕлы, уый ратт».
Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ иууылдӕр ӕрцыдысты Давидмӕ Хевронмӕ ӕмӕ йын загътой: «Дӕ туг, де стӕг стӕм мах.
Иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах Соломон фӕсидти Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй сын Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй (сахарӕн йӕ иннӕ ном — Сион) рахӕссын кӕна.
Афтӕмӕй, Кирйат-Иаримӕй Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрбахӕссыны охыл Давид ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт израилӕгты дӕр — Мысыры арӕныл Шихоры цӕугӕдонӕй райдайгӕйӕ Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, бахизӕны онг чидӕриддӕр царди, уыдоны.