Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 5:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Давид ӕрцарди фидары, Давиды сахар ӕй схуыдта ӕмӕ йын Миллойӕ мидӕмӕ, фидары онг, йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ сарӕзта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 5:9
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Давид басаста Сионы фидар, ӕмӕ уый ныр Давиды сахар у.


Ӕмӕ загъта Давид уыцы бон: «Йевусӕгтимӕ чидӕриддӕр хӕцы, уый сӕ цӕгъдӕд! Давид йе сӕфт уыны „къуылыхтӕ ӕмӕ куырмытӕй“». Уымӕн загъдӕуы: «Куырм ӕмӕ къуылыхӕн Дунедарӕджы хӕдзармӕ фӕндаг нӕй».


Давиды нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахармӕ аласын ӕмӕ йӕ гатаг Овед-Едомы хӕдзармӕ арвыста.


Ныр паддзахы ныхмӕ кӕй фӕци, уымӕн та йӕ хъуыддаг уыди афтӕ. Соломон ногӕй аразын райдыдта Миллойы зылд, ӕмпъызта йӕ фыд Давиды сахары быруйы хуынкъ.


Давид ацы ныхӕстӕ куы ракодта, уый фӕстӕ бирӕ нал ацард. Куы амарди, уӕд ӕй баныгӕдтой Давиды сахары.


Ӕппӕт бӕстыхӕйттӕ саразыны тыххӕй Соломон сфидар кодта бегарайы хӕс, цӕмӕй сараза Дунедарӕджы Кувӕндон, йӕ галуан, ногӕй рацараза Миллойы зылд, Йерусалимы сахары дурамад быру, стӕй сахартӕ Хацор, Мегиддо ӕмӕ Гезер.


Фараоны чызг Давиды сахарӕй, Соломон ын цы галуан сарӕзта, уырдӕм куы ӕрбалыгъд, уый фӕстӕ паддзах райдыдта Миллойы зылды бӕстыхӕйттӕ аразын.


Паддзах Иоасы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой Силламӕ фӕндагыл, Миллойы бӕстыхайы.


Йӕ дӕлдӕртӕ, чи йӕ амардта, уыдон уыдысты: Шиматы фырт Йозавад ӕмӕ Шомеры фырт Йехозавад. Йӕ мард ын бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа.


Давид ын, Миллойӕ райдай ӕмӕ дарддӕр, йӕ алыварс сарӕзта бӕстыхӕйттӕ, Йоав та рацарӕзта сахары иннӕ хай.


Езекиа фӕныфсджын ис ӕмӕ ногӕй рацарӕзта сахары хӕлд быру, уый уӕлӕ та сарӕзта мӕсгуытӕ, ноджы ма быруйы ӕдде саразын кодта ӕндӕр быру дӕр. Давиды сахары бафидӕрттӕ кодта Милло, бирӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ уартытӕ ӕрцӕттӕ кодта.


Суадоны кулдуар самадта Кол Хозейы фырт Шаллум, Мицпайы зылды хицау. Сарӕзта йӕ, уӕлейӕ йын ӕрдынагъуыст скодта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ йыл сӕвӕрдта. Уымӕй уӕлдай ма паддзахы дыргъдоны акомкоммӕ, Силоамы цадӕй Давиды сахарӕй ӕрхизӕн къӕпхӕнты онг, къул самадта.


Батӕригъӕд нын кӕн, Дунедарӕг, батӕригъӕд нын кӕн! Фаг нын фӕуӕд не ’фхӕрд,


«Додой дӕ къона, Ариел, Давид кӕм цардис, уыцы сахар! Рӕстӕг рацӕудзӕн, афӕдзы фӕдыл афӕдз, бӕрӕгбӕттӕ кӕрӕдзийы ивдзысты.


Фӕлӕ кӕд галиу ӕмӕ мӕнгард ми ракодтат, уӕд Авимелех ахӕм арт ссудзын кӕнӕд, Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджыты чи бабын кӕна! Ӕмӕ Шехемы цӕрджытӕ дӕр ахӕм арт ссудзын кӕнӕнт, Авимелехы чи фесафа!


Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджытӕ, табуйаг дуры цур цы тулдз уыдис, уый раз ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Авимелехы сӕхицӕн паддзахӕй расидтысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ