7 Фӕлӕ Давид басаста Сионы фидар, ӕмӕ уый ныр Давиды сахар у.
Ӕмӕ загъта Давид уыцы бон: «Йевусӕгтимӕ чидӕриддӕр хӕцы, уый сӕ цӕгъдӕд! Давид йе сӕфт уыны „къуылыхтӕ ӕмӕ куырмытӕй“». Уымӕн загъдӕуы: «Куырм ӕмӕ къуылыхӕн Дунедарӕджы хӕдзармӕ фӕндаг нӕй».
Давид ӕрцарди фидары, Давиды сахар ӕй схуыдта ӕмӕ йын Миллойӕ мидӕмӕ, фидары онг, йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ сарӕзта.
Давиды нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахармӕ аласын ӕмӕ йӕ гатаг Овед-Едомы хӕдзармӕ арвыста.
Паддзах Давидмӕ фӕхабар чындӕуыд, Хуыцауы Фидыды Чырыны фӕрцы Овед-Едом ӕмӕ йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕй арфӕгонд фесты, зӕгъгӕ. Давид ацыд ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын Овед-Едомы хӕдзарӕй Давиды сахармӕ цингӕнгӕ ӕрбахаста.
Давиды сахармӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын куы бацӕйластой, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды Дунедарӕджы раз фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.
Давид ацы ныхӕстӕ куы ракодта, уый фӕстӕ бирӕ нал ацард. Куы амарди, уӕд ӕй баныгӕдтой Давиды сахары.
Соломон хӕстӕгдзинад бакодта фараонимӕ, Мысыры паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта ӕмӕ уал ӕй ӕрбакодта Давиды сахармӕ, уымӕн ӕмӕ нырма йӕхи галуан, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ Йерусалимы алыварс систӕ дӕр амад нӕма уыдысты.
Иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах Соломон фӕсидти Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй сын Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй (сахарӕн йӕ иннӕ ном — Сион) рахӕссын кӕна.
Фараоны чызг Давиды сахарӕй, Соломон ын цы галуан сарӕзта, уырдӕм куы ӕрбалыгъд, уый фӕстӕ паддзах райдыдта Миллойы зылды бӕстыхӕйттӕ аразын.
Давид ӕрцарди фидары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы фидар схуыдтой Давиды сахар.
Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, паддзӕхты зӕппадзы, уымӕн ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ арӕзта Израилы, лӕггад кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ Кувӕндонӕн.
Паддзах Соломон басидт Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй, Сионы хохӕй, хаст ӕрцӕуа.
Суадоны кулдуар самадта Кол Хозейы фырт Шаллум, Мицпайы зылды хицау. Сарӕзта йӕ, уӕлейӕ йын ӕрдынагъуыст скодта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ йыл сӕвӕрдта. Уымӕй уӕлдай ма паддзахы дыргъдоны акомкоммӕ, Силоамы цадӕй Давиды сахарӕй ӕрхизӕн къӕпхӕнты онг, къул самадта.
«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».
Ингӕн — се ’нусон цӕрӕн. Афтӕмӕй та сӕ хӕдзӕртты ӕнусмӕ цӕринаг уыдысты, суанг сӕ зӕххытӕ дӕр рахуыдтой сӕхи нӕмттӕй.
хуымӕтӕгтӕ ӕмӕ номдзыдтӕ, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ.
О Дунедарӕг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕумӕ дзыназын!
Дӕ ном Дын чи зоны, уыдонӕн сӕ ныфс Ды Дӕ, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ Ды нӕ ныууадздзынӕ, Дӕу чи агуры, уыдоны.
Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»
«О, ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг Сионмӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕм, йӕ фыдракӕндтӕ чи ныууагъта, уыдонмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг.
О тъӕпӕны цӕрӕг, о дӕлвӕзы къӕдзӕх! Ныр Мӕхӕдӕг сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сымах дзурут: „Нӕ ныхмӕ чи рацӕудзӕн? Нӕ хӕдзӕрттӕм нын чи бабырсдзӕн?“
Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.
Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».
Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ — уӕларвон Йерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты цины ӕмбырдмӕ,
Ӕз федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк; Йемӕ сты, Йӕ ном ӕмӕ Йӕ Фыды ном йӕ тӕрныхыл фыст кӕмӕн у, уыцы 144 000 адӕймаджы.