Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 5:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Паддзах йӕ хӕстонтимӕ араст Йерусалиммӕ, уымы цӕрӕг йевусӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ. Уыдон Давидӕн загътой: «Нӕ дын бантысдзӕн ардӕм ӕрбацӕуын, цалынмӕ куырмытӕ ӕмӕ къуылыхты ардыгӕй аиуварс кӕнай, уӕдмӕ». Уыдон афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, Давид сахармӕ нӕ бацӕудзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 5:6
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Салимы паддзах Мелхиседек дӕр — Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын — рахаста дзул ӕмӕ сӕн


Ӕз Де ’ххуысы фӕрцы басӕттын ме знӕгты, мӕ Хуыцауимӕ схизын ӕнӕбасӕтгӕ сисмӕ.


Куырыхон бӕгъатырты сахар басӕтдзӕн, сӕ зӕрдӕ цы фидарыл дарынц, уый сын ныззыгуым кӕндзӕн.


О тъӕпӕны цӕрӕг, о дӕлвӕзы къӕдзӕх! Ныр Мӕхӕдӕг сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сымах дзурут: „Нӕ ныхмӕ чи рацӕудзӕн? Нӕ хӕдзӕрттӕм нын чи бабырсдзӕн?“


Уӕ ныхмӕ цы халдейӕгты ӕфсад хӕцы, ууыл куы фӕуӕлахиз уыдаиккат ӕмӕ ма сӕм ӕрмӕст, чи фӕцӕф ис, ахӕм хӕстонтӕ куы баззадаид, уӕд уыдон дӕр рацыдаиккой сӕ цатыртӕй ӕмӕ ацы сахар басыгътаиккой».


«Мелхиседек уыди Салимы паддзах, Иууылбӕрзонд Хуыцауы сауджын. Паддзӕхты ныддӕрӕн кӕныны фӕстӕ Авраам куы ӕрбацӕйздӕхт, уӕд Мелхиседек йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын арфӕ ракодта.


Уымӕ гӕсгӕ Йерусалимы паддзах Адони-Цедек Хевроны паддзах Хохаммӕ, Йармуты паддзах Пираммӕ, Лахишы паддзах Йафиамӕ ӕмӕ Еглоны паддзах Девирмӕ фӕфӕдис:


Фӕлӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕм Йерусалимӕй йевусӕгты фӕсурыны хъомыс нӕ разынд, ӕмӕ абон дӕр сӕ фарсмӕ цӕрынц Йерусалимы.


Цела-Елеф, Йевус (ома Йерусалим), Гевӕ ӕмӕ Кирйат-Иарим — цыппӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. Ахӕм уыди мыггаггай Бениамины байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.


Бениамины байзӕддӕгтӕ йевусӕгтӕй Йерусалимы сахар нӕ байстой, ӕмӕ йевусӕгтӕ абоны онг Бениамины байзӕддагимӕ Йерусалимы цӕрынц.


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Йерусалиммӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, йӕ цӕрджыты йын ныццагътой, сахар та басыгътой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ