5 Хевроны авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы паддзахиуӕг кодта Иудӕйӕн, Йерусалимы та — ӕппӕт Израил ӕмӕ Иудӕйы — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы.
дӕ паддзахы хӕдзар ӕмӕ дын йӕ устыты радтон, Израил ӕмӕ дын Иудӕйы дӕ бӕрны бакодтон. Ӕмӕ дын кӕд уый фаг нӕ уыди, уӕд ма дын сӕм иу ахӕм бафтыдтаин.
Давид Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн Хевроны паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы.
Иудейӕгтӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Давиды Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕн паддзахӕй байсӕрстой. Давидӕн рахабар чындӕуыди, галаадаг Иавешы цӕрджытӕ Саулы мард бавӕрдтой, зӕгъгӕ.
Дыууиссӕдз азы Давид уыди Израилы паддзах: авд азы паддзахиуӕг фӕкодта Хевроны, ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы та — Йерусалимы.
Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрцыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Самуелы дзыхы кӕй бавӕрдта, уыцы ныхас.
Дыууиссӕдз азы уый уыди Израилы паддзах: авд азы паддзахиуӕг фӕкодта Хевроны, ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы та — Йерусалимы.
Ацы ӕхсӕз фырты Давидӕн райгуырдысты Хевроны. Уым Давид паддзахиуӕг кодта авд азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы. Уый фӕстӕ Давид ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы паддзахиуӕг кодта Йерусалимы.