Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 5:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Давид дӕр та Дунедарӕджы бафарста, ӕмӕ йын Уый дзуапп радта: «Сӕ ныхмӕ ма ссу, фӕлӕ сӕ иувӕрсты ӕрзил ӕмӕ тута бӕлӕсты къохы ’рдыгӕй сӕ чъылдыммӕ баздӕх.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 5:23
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ Давид фарста Дунедарӕджы: «Цы кӕнон? Иудӕйы сахартӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу». Давид бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ».


Давид Дунедарӕджы бафарста: «Филистимӕгты ныхмӕ цӕуон ӕви нӕ? Мӕ къухмӕ сӕ ратдзынӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Цу, ратдзынӕн сӕ дӕ къухмӕ ӕнӕмӕнг».


Давид та Хуыцауы бафарста, ӕмӕ йын Уый дзуапп радта: «Сӕ ныхмӕ ма ссу, фӕлӕ сӕ иувӕрсты ӕрзил ӕмӕ тута бӕлӕсты къохы ’рдыгӕй сӕ чъылдыммӕ баздӕх.


Йерихонӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн цы ми бакодтай, Гайӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн дӕр уыцы ми бакӕн. Ӕрмӕст-иу ацы хатт уе ’фтиаг ӕд фос уӕхи фӕуӕд. Сахары чъылдыммӕ сӕ размӕ бабад».


ӕмӕ-иу уӕд сымах уе ’мбӕхсӕн бынатӕй рахизут ӕмӕ сахармӕ бабырсут — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн ӕй уӕ къухтӕм ратдзӕн.


Хуыцауы дӕр Давиды тыххӕй фыццаг хатт бафарстон, мыййаг? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Паддзах мацӕмӕй аххосджын кӕнӕд нӕдӕр йӕ цагъары, нӕдӕр мӕ хӕстӕджыты. Ацы хъуыддаджы дӕ цагъар мур дӕр ницы зонӕг у».


Уӕд Давид Дунедарӕджы бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ уыцы филистимӕгты басӕттон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу, филистимӕгты басӕтт ӕмӕ Кеилайы сахар ссӕрибар кӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ