Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 4:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Йевосфеты сӕр бахастой Хевроны сахармӕ, паддзах Давидмӕ. Загътой йын: «Мӕнӕ, амарынмӕ дӕ чи хъавыди, уымӕн, де знаг Саулӕн, йӕ фырт Йевосфеты сӕр. Дунедарӕг мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕн йӕ маст райста Саул ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 4:8
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цадокы фырт Ахимаац загъта: «Цӕй ӕмӕ азгъорон ӕмӕ паддзахӕн фехъусын кӕнон, Дунедарӕг ӕй йе знӕгты къухӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы хорз хабар».


Уӕдмӕ эфиопаг дӕр ӕрбахӕццӕ ис ӕмӕ загъта: «Цины хабар мӕ бардарӕгӕн, паддзахӕн! Абон дӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта, дӕ ныхмӕ чи рацыди, уыдоны къухӕй».


Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ


Хуыцау — мӕ мастисӕг, адӕмты мын бакодта мӕ дӕлбар.


ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн Сывӕллоны Йӕ мадимӕ ӕмӕ ацу Израилы зӕхмӕ — Сывӕллоны марынвӕнд чи кодта, уыдон удӕгас нал сты».


Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.


Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»


ӕмӕ йыл ӕй фехста, къулмӕ йӕ ныххуыйон, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Давидӕн дыууӕ хатты йӕхи фӕсайын бантыст.


Саул загъта йӕ фырт Ионатанӕн ӕмӕ йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн, Давиды амарынмӕ кӕй хъавы, уый. Фӕлӕ Саулы фырт Ионатан тынг уарзта Давиды


Саул та сӕ ногӕй арвыста, уӕхӕдӕг ӕй фенут, зӕгъгӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ӕрбахӕссут мӕм ӕй ӕд хуыссӕн, ӕмӕ йӕ амарон».


Давид алыгъди, Рамайы цур цы Найоты сахар ис, уырдыгӕй. Ионатанмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы ракодтон уагӕр? Цы аххос мӕм ис? Цӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕн дӕ фыды раз, марынвӕнд мӕ цӕмӕн кӕны?»


Давид базыдта, Саул йӕ агурӕг кӕй рацыд, уый. Уӕд Давид уыди Зифы ӕдзӕрӕг быдыры, Хорешы.


Фӕндаджы был фосдарӕн уӕтӕрты рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уым иу лӕгӕтмӕ Саул йӕхи хъуыдыйы бауади. Ныр Давид та йӕ адӕмимӕ лӕгӕты рӕбынӕй бадти,


Исчи дӕ фӕдыл куы зила ӕмӕ дӕ марынмӕ куы хъава, уӕд дӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зынаргъ дурау бахъахъхъӕндзӕн ме ’лдары уд, де знӕгты удтӕ та дын дурӕхсӕнӕй ӕхсӕгау фехсдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ