6 Дуаргӕрон хор цы сылгоймаг ӕвзӕрста, уый афынӕй ӕмӕ Рехав ӕмӕ йе ’фсымӕр Баанайы нӕ бафиппайдта.
Фӕлӕ уый нӕ састи. Уӕд Авнер йӕ арц фӕстӕрдӕм фӕзылдта ӕмӕ йын дзы йӕ гуыбын барӕхуыста. Арц иннӕрдӕм ахызт, Асаел уыцы ран ахауди ӕмӕ йӕ уд систа. Асаел кӕм фӕмард, уырдӕм-иу чи бахӕццӕ, уыдон-иу дзыхълӕуд фӕкодтой.
Амаса йын йӕ иннӕ къухы кард нӕ фӕхъуыды кодта, ӕмӕ йын ӕй Йоав йӕ гуыбыны ныссагъта. Амасайӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ зӕхмӕ ӕркалдысты ӕмӕ амарди, дыккаг цӕфы сӕр ӕй нал бахъуыд. Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай дарддӕр атындзыдтой Бихрийы фырт Савейы фӕдыл.
Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.
Саулы фырты хӕстонтӕн уыди дыууӕ ӕфсады хицауы, сӕ иуӕн йӕ ном — Баана, иннӕмӕн та — Рехав, бееротаг Риммоны фырттӕ, Бениамины байзӕддӕгтӕ (Беерот дӕр нымад ӕрцыди Бениамины сахарыл;
Цалынмӕ уыдон фӕстиат кодтой, уӕдмӕ Ехуд Гилгалы гуымирытӕй фӕфале ис ӕмӕ Сеирайы сахармӕ алыгъди.