Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 4:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Саулы фырт Ионатанӕн уыдис иу къуылых фырт. Саул ӕмӕ Ионатаны амарды хабар куы ӕрбайхъуысти Изреелӕй, уӕд ыл цыди фондз азы. Йӕ дыджызӕ йӕ фелвӕста ӕмӕ лидзынмӕ фӕци. Фыр тагъдӕй саби йӕ къухтӕй ӕрхауди ӕмӕ фӕкъуылых ис. Йӕ ном хуынди Мефивошет.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 4:4
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид, Саулы фырт Ионатанимӕ Дунедарӕджы раз цы ард бахордтой, уый йӕ зӕрдыл дардта ӕмӕ Ионатаны фырт Мефивошетыл бацауӕрста.


Мефивошет царди Йерусалимы, уымӕн ӕмӕ кӕддӕриддӕр паддзахимӕ иу фынгыл бадти. Йӕ дыууӕ къахӕй дӕр къуылых уыдис.


Паддзах та йӕ бафарста: «Ау, Саулы бинонтӕй иу дӕр нал ис? Хуыцауы хорзӕх мӕ куы уаид, уӕд ын ӕз баххуыс кӕнин». Цива йын дзуапп радта: «Ионатанӕн ма иу къуылых лӕппу баззад».


Саулы фырты фырт, Ионатаны фырт Мефивошет бацыди Давидмӕ ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудис. «Мефивошет!» — сдзырдта йӕм Давид. «Мӕнӕ ис дӕ цагъар», — дзуапп радта уый.


Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха.


Ионатаны фырт — Мерив-Баал; Мерив-Баалӕй райгуырди Миха.


Филистимӕгтӕ се ’ппӕт ӕфсад дӕр ӕрӕмбырд кодтой Афекмӕ, израилӕгтӕ та Изреелы сахармӕ хӕстӕг, суадоны цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


Райсомӕй раджы Давид ӕмӕ йӕ адӕм аздӕхтысты филистимӕгты бӕстӕм. Филистимӕгтӕ та Изреелмӕ ссыдысты хӕцынмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ