Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Давид йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта, ӕмӕ сӕ амардтой, стӕй сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ракодтой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ афтӕмӕй Хевроны цады цур ӕрцауыгътой. Йевосфеты сӕр та райстой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Хевроны, Авнеры зӕппадзы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 4:12
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕй иуӕн бардзырд радта: «Рацу, амар ӕй». Ӕмӕ йӕ уый амардта.


Кӕй паддзахы бадӕн байстай, уыцы Саулы хӕдзары туг дӕ исы Дунедарӕг. Дӕ паддзахад дӕр дын дӕ фырт Авессаломӕн радта. Ды фыдбылызы бахаудтӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты».


Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ


Гивонӕгты къухмӕ сӕ радта, ӕмӕ сӕ уыдон Дунедарӕджы раз, кувӕн къуыбырыл, ӕрцауыгътой. Авдӕй дӕр амардысты иумӕ, хуымгӕрдӕнты фыццаг бонты, хъӕбӕрхорӕфснайӕнтӕ куы райдыдтой, уӕд.


Хевроны йӕ бавӕрдтой, ӕмӕ йыл паддзах йӕ зӕппадзы цур хъӕлӕсы дзагӕй куыдта. Йемӕ куыдтой ӕппӕт дзыллӕ дӕр.


уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ