1 Саулы фырт Йевосфет, Авнер Хевроны фӕмард ис, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыста, уӕд йе уӕнгтӕ ӕруагъта. Бакатай кодтой Израилы адӕм дӕр.
Ныр фӕллад, зӕрдӕсаст уыдзӕн, ӕмӕ йыл ӕз мӕхи ныццӕвдзынӕн. Фӕтӕрсын ӕй кӕндзынӕн, йӕ адӕм лидзӕг фӕуыдзысты, паддзах иунӕгӕй аззайдзӕн ӕмӕ йӕ амардзынӕн.
Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ
Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.
Уыйадыл уымы адӕм иудейӕгты размӕ цӕлхдуртӕ ӕвӕрын райдыдтой, тӕрсын сӕ кодтой ӕмӕ сын сӕ арӕзтад къуылымпы кодтой.
Иууылдӕр нӕ тӕрсын кодтой, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ хъуыддагӕй мацы рауайа. Фӕлӕ ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ къух ноджы фидардӕр кӕна.
Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн ӕрлӕмӕгъ уыдзысты сӕ цӕнгтӕ, алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Хъару та бауадзут уӕ лӕмӕгъ ӕмӕ ӕдых цӕнгты, ӕндон фестӕнт уӕ ризгӕ уӕрджытӕ!
Вавилоны паддзах йе уӕнгтӕ ӕруагъта сӕ коймӕ, фыр рыстӕй арӕг усау ныхъхъӕрзыдта.
Сӕ кой сын фехъуыстам ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруагътам, арӕг устытау фыр рыстӕй хъизӕмар кӕнӕм.
Уыцы бон Йерусалимӕн загъдӕуыдзӕн: «Ма тӕрс!» Сионӕн зӕгъдзысты: «Фидар лӕуу!»