9 Хуыцау Авнерӕн афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, Дунедарӕг Давидӕн сомы цӕмӕй кодта, ӕз ын уый куынӕ саразон!
Амасайӕн дӕр зӕгъут: „Ды мӕ туг ӕмӕ ме стӕг нӕ дӕ, ӕви? Хуыцау мын афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, цӕрӕнбонтӕм мын Йоавы бӕсты ды ӕфсады хицау куынӕ уай, уӕд!“»
Афтӕмӕй Давид ӕппӕт иудейӕгты дӕр иу адӕймагау ӕртасын кодта, ӕмӕ уыдон арвыстой паддзахмӕ: «Раздӕх, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр!»
Фӕстӕдӕр, рухс ма уыди, афтӕмӕй адӕм иууылдӕр Давидмӕ хатыдысты, цӕмӕй исты скомдзаг кӕна. Фӕлӕ Давид ард бахордта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ӕз хуры аныгуылдмӕ мӕ дзыхмӕ исты куы схӕссон, уӕд!»
Ӕмӕ Иезавел Илийамӕ арвыста йӕ минӕвары, афтӕ йын зӕгъынмӕ: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, ды пехуымпартӕн куыд бакодтай, афтӕ ӕз дӕр дӕуӕн райсом ацафон куынӕ бакӕнон».
Ӕмӕ паддзах Соломон сомы ракодта Дунедарӕгӕй: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Адониа йӕ уыцы курдиаты тыххӕй мард ӕрцӕудзӕн!
Мӕнӕ, Давидмӕ Хевроны сахармӕ цы хӕстифтонг къордтӕ ӕрцыд, уыдоны хыгъд. Ӕрцыдысты йӕм, цӕмӕй йӕ Саулы бӕсты сӕвӕрой паддзахӕй, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Ды кӕм амӕлай, уым ӕз дӕр амӕлдзынӕн, ӕмӕ мӕ уыцы ран баныгӕндзысты. Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ма мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕд Дунедарӕг, адзалӕй дарддӕр мӕ исты куы фӕхицӕн кӕна дӕуӕй».
Саул загъта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ды, Ионатан, куынӕ амӕлай, уӕд!»
Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн.
Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Навалы хӕдзаронтӕй абонӕй райсоммӕ иу нӕлгоймаг дӕр куы ныууадзон!»
Дунедарӕг бакодта, зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕрдта, уый: паддзахад дын дӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ ӕндӕрӕн, Давидӕн, радта,
Елиа загъта: «Цы дын загъта? Ма йӕ басусӕг кӕн, зӕгъ мын ӕй. Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ма дын ноджы фыддӕртӕ фӕуыдзӕни Хуыцау, цы дын загъта, уыдонӕй мӕ исты куы бамбӕхсай, уӕд».