Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уыцы ныхӕстӕм Авнер цӕхӕртӕ скалдта: «Ӕз дын куыдз дӕн, иудейӕгтимӕ ӕмдзӕхдон куыд хъуамӕ кӕнон? Кад ӕмӕ радӕй куы лӕггад кӕнын Саулы хӕдзарӕн дӕр, Саулы ӕфсымӕртӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн дӕр! Дӕу дӕр Давиды къухмӕ куы нӕ радтон! Уӕд мыл ныр ды сылгоймаджы тыххӕй тӕригъӕд мысыс?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 3:8
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Церуайы фырт Авишай паддзахӕн загъта: «Ацы хӕдмӕл куыдз мын мӕ хицауы, паддзахы, цӕмӕн ӕлгъиты? Ныртӕккӕ йын йӕ сӕр атӕхын кӕндзынӕн!»


Уӕдмӕ Неры фырт Авнер, Саулы ӕфсады разамонӕг, Саулы фырт Йевосфеты ӕрбакодта Маханаиммӕ


Гъеныр уӕ фӕнд сӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ загъта Давиды тыххӕй: „Мӕ цагъар Давиды фӕрцы Мӕ адӕмы, Израилы, филистимӕгтӕ ӕмӕ се ’ппӕт иннӕ знӕгтӕй фервӕзын кӕндзынӕн“».


Хуыцау Авнерӕн афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд, Дунедарӕг Давидӕн сомы цӕмӕй кодта, ӕз ын уый куынӕ саразон!


Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».


Мефивошет та йын ныллӕг акуывта ӕмӕ загъта: «Дӕ цагъар ӕмӕ хӕдмӕл куыдз — иу, уӕд ӕм де ’ргом куыд раздӕхтай?»


Хазаел бадис кодта: «Ау, ӕмӕ ӕз чи дӕн, цӕмӕй ахӕм хъуыддаг бакӕнон?» Елисей йын загъта: «Дунедарӕг мын раргом кодта, Арамы паддзах ды уыдзынӕ, уый».


Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?


Кӕй фаудтай ды, Кӕмӕн фӕкодтай фидистӕ? Кӕуыл хъӕр кодтай, Кӕмӕ кастӕ ӕнӕввӕрсон цӕстӕй? Израилы Стыр Хуыцаумӕ.


Хӕтаг сылы ӕфтиаг дӕр ӕмӕ куыдзы аргъ дӕр мацы сомымӕ гӕсгӕ бахӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕ дыууӕ дӕр ӕлгъаг сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.


Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн.


Филистимаг ын загъта: «Лӕдзӕгимӕ мӕм цы рацыдтӕ? Ӕви дын куыдз дӕн?» Ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕй ралгъыста Давиды,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ