6 Цалынмӕ Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзар кӕрӕдзиимӕ хӕцыдысты, уӕдмӕ Авнерӕн Саулы хӕдзарыл йӕ бар тынгӕй-тынгдӕр цыди.
Саулы хӕдзар ӕмӕ Давиды хӕдзары ’хсӕн хӕст ныддӕргъвӕтин. Давид тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта, Саулы хӕдзар та заууатмӕ цыди.
ӕхсӕзӕм — Итреам, йӕ мад Егла. Давидӕн уыдон сӕнтыстысты Хевроны.
ӕмӕ Йегу Рехавы фырт Йонадавимӕ Баалы кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ Баалы лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Ӕркӕсут-ма, мыййаг, уе ’хсӕн Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕй исчи ис? Хъуамӕ ам ӕрмӕст Баалы лӕггадгӕнджытӕ уой!»
Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ацу ӕмӕ де ’хсар равдис! Науӕд дӕ Хуыцау де знӕгты раз афӕлдахдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бон у баххуыс кӕнын дӕр ӕмӕ афӕлдахын дӕр».
Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.
Мемӕ чи нӕй, уый Мӕ ныхмӕ у, ӕмӕ Мемӕ чи не ’мбырд кӕны, уый сафгӕ кӕны.
Йӕ ус — Ахимаацы чызг Ахиноам. Йе ’фсады хицау хуынди Авнер. Уый уыди Саулы фыды ’фсымӕр Неры фырт.