Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Паддзахӕдтӕ 3:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Дӕ къухтӕ баст дӕр куы нӕ уыдысты, дӕ къӕхтыл хъадамантӕ дӕр куы нӕ уыд; фыдгӕнджыты къухӕй чи амӕлы, уыйау куыд бабын дӕ!» Ӕмӕ йыл дзыллӕ ноджы тынгдӕр ныккуыдтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Паддзахӕдтӕ 3:34
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой, дзынӕзтой ӕмӕ ком дардтой изӕрмӕ, карды амӕттаг чи баци, уыдоныл: Саулыл, Саулы фырт Ионатаныл ӕмӕ Дунедарӕджы ӕфсадыл, Израилы адӕмыл.


Авнерыл паддзах ахӕм хъарӕг скодта: «Ӕнаккаджы адзал цӕмӕн каст уӕддӕр Авнермӕ?


Фӕстӕдӕр, рухс ма уыди, афтӕмӕй адӕм иууылдӕр Давидмӕ хатыдысты, цӕмӕй исты скомдзаг кӕна. Фӕлӕ Давид ард бахордта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ӕз хуры аныгуылдмӕ мӕ дзыхмӕ исты куы схӕссон, уӕд!»


Лӕгмар ӕхсӕвӕй сысты, мӕгуыры ӕмӕ мӕгуыргуры амары, ӕхсӕвыгон та давгӕ кӕны.


Уӕд скӕндзысты хъарӕг, ӕмӕ-иу уыцы хъарӕг сисдзысты алы адӕмты сылгоймӕгтӕ. Хъарӕг кӕндзысты Мысырыл ӕмӕ йӕ бирӕ адӕмыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».


Абырджытӕ искӕй размӕ куыд бабадынц, афтӕ Шехеммӕ фӕндагыл сауджынтӕ адӕмы марынц ӕмӕ ӕлгъаг митӕ кӕнынц.


Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ