32 Хевроны йӕ бавӕрдтой, ӕмӕ йыл паддзах йӕ зӕппадзы цур хъӕлӕсы дзагӕй куыдта. Йемӕ куыдтой ӕппӕт дзыллӕ дӕр.
Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой, дзынӕзтой ӕмӕ ком дардтой изӕрмӕ, карды амӕттаг чи баци, уыдоныл: Саулыл, Саулы фырт Ионатаныл ӕмӕ Дунедарӕджы ӕфсадыл, Израилы адӕмыл.
Паддзах ныккӕрзыдта, кулдуары сӕрмӕ цы уат уыди, уырдӕм ссыди ӕмӕ дзынӕзта: «Мӕ фырт Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт Авессалом! Ехх, уӕд та дӕ бӕсты мӕхӕдӕг куы амардаин, Авессалом! Мӕ фырт, мӕ фырт!»
Давид йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта, ӕмӕ сӕ амардтой, стӕй сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ракодтой ӕмӕ сын сӕ мӕрдтӕ афтӕмӕй Хевроны цады цур ӕрцауыгътой. Йевосфеты сӕр та райстой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Хевроны, Авнеры зӕппадзы.
уӕд мын уый тыххӕй дӕр тӕрхон кӕнын хъуыдаид, уӕд уый дӕр Бӕрзӕндтыл Бадӕг Хуыцауы раз гадзрахатдзинад уыдаид.
Ау, искуы ӕз ме знаджы сӕфтыл ферадтӕн, искуы йын йӕ фыдбылызыл бацин кодтон?
Де знаг куы ’рхауа, уӕд ма цин кӕн ӕмӕ, куы фӕкӕла, уӕд дӕ зӕрдӕ ма райӕд,
Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрдиаг кодтой ӕмӕ куыдтой, цалынмӕ сӕ хъару басаст, уӕдмӕ.