26 Йоав Давиды разӕй куы рацыди, уӕд йе ’вастӕй Авнеры фӕстӕ йӕ адӕмы арвыста, ӕмӕ йӕ уыдон Сирайы донуаты цурӕй фӕстӕмӕ раздӕхтой.
Зонгӕ йӕ куы кӕныс, Неры фырт Авнер дӕ афӕливынмӕ хъавы, хъуамӕ дын дӕ ацыд ӕмӕ ӕрбацыд сбӕлвырд кӕна, дӕ фӕндтӕ дын базона».
Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.