24 Йоав паддзахмӕ бацыди ӕмӕ йын загъта: «Уый цы бакодтай? Авнер дӕм йӕхи къахӕй куы ӕрбацыди, уӕд ма йӕ цӕмӕн ауагътай?
Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый цӕмӕн басусӕг кодтай?
Йоав куыддӕр Давиды хӕстонтимӕ ӕрхӕццӕ ис, афтӕ йӕм хабаргӕнӕг фӕци, Неры фырт Авнер паддзахмӕ уыди ӕмӕ йӕ уый фарнимӕ ауагъта, зӕгъгӕ.
Зонгӕ йӕ куы кӕныс, Неры фырт Авнер дӕ афӕливынмӕ хъавы, хъуамӕ дын дӕ ацыд ӕмӕ ӕрбацыд сбӕлвырд кӕна, дӕ фӕндтӕ дын базона».
Кӕд мӕ паддзахӕй байсӕрстой, уӕддӕр мӕнмӕ нырма уый бӕрц тых нӕй, ацы Церуайы фырттӕ та ӕгӕр ӕгъатыр сты. Фӕлӕ сын Дунедарӕг схос кӕнӕд сӕ фыдракӕнды тыххӕй!»
Уыцы ныхӕстӕм Авнер цӕхӕртӕ скалдта: «Ӕз дын куыдз дӕн, иудейӕгтимӕ ӕмдзӕхдон куыд хъуамӕ кӕнон? Кад ӕмӕ радӕй куы лӕггад кӕнын Саулы хӕдзарӕн дӕр, Саулы ӕфсымӕртӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн дӕр! Дӕу дӕр Давиды къухмӕ куы нӕ радтон! Уӕд мыл ныр ды сылгоймаджы тыххӕй тӕригъӕд мысыс?
Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Цы ми мын кӕныс? Ӕз дӕ ме знӕгты ралгъитынмӕ ӕрбакодтон, ды та сын арфӕ кӕныс!»
Пилат загъта: «Ӕмӕ ӕз иудейаг дӕн? Дӕу Мӕ къухмӕ Дӕ адӕм ӕмӕ алчертӕ радтой. Уагӕры цы ракодтай?»