20 Ссӕдз лӕджы йемӕ, афтӕмӕй схӕццӕ ис Давидмӕ, Хевронмӕ, ӕмӕ сын Давид куывд скодта.
Уый фӕстӕ сын Исаак куывд скодта, ӕмӕ фӕминас кодтой.
Стӕй Йаков уым, хохы сӕрыл, нывонд ӕрхаста ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕм фӕдзырдта. Фӕминас кодтой ӕмӕ уыцы ӕхсӕв уым баззадысты.
Афтӕ загъта Авнер Бениамины байзӕддӕгтӕн дӕр. Уый фӕстӕ араст ис Хевронмӕ, Израил ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы фӕндон Давидӕн радзурынмӕ.
Авнер Давидӕн загъта: «Цӕй, ӕз ныр ацӕуон ӕмӕ мӕ бардарӕгмӕ, мӕ паддзахмӕ, ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр ӕрхонон, цӕмӕй демӕ фидыд саразой, ӕмӕ ды паддзах уай, кӕмӕн дӕ фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр». Давид сразы ис Авнеры ныхасыл, ӕмӕ уый фарнимӕ араст ис.
Паддзах куы сси, уымӕн йе ’ртыккаг аз Ксеркс куывд скодта, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты иууылдӕр фӕхуыдта. Уым уыдысты персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕфсӕддон разамонджытӕ, уӕздӕттӕ, йӕ паддзахады бӕстыхицӕуттӕ.
Уӕд Авигеа сыздӕхти Навалмӕ. Уымӕн уыцы рӕстӕг йӕ хӕдзары уыди куывд, растдӕриддӕр паддзахы куывды хуызӕн. Навал дзӕбӕх бахъӕлдзӕг, барасыг, ӕмӕ йын Авигеа боны срухсмӕ ницы ской кодта.