14 Давид Саулы фырт Йевосфетмӕ лӕгтӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Ратт мын мӕ ус Мелхолӕйы. Ӕз ууыл филистимӕгты сунӕты сӕдӕ лыггаджы бафыстон».
Дыууиссӕдз азы цыди Саулы фырт Йевосфетыл, Израилы паддзах куы сси, уӕд ӕмӕ паддзахиуӕг кодта дыууӕ азы. Давиды фарс та ӕрмӕст Иудӕйы хӕдзарвӕндаг уыди.
Йевосфет Мелхолӕмӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй йӕ ракӕной йӕ мойӕ, Лаишы фырт Палтиелӕй.
Давиды сахармӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын куы бацӕйластой, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды Дунедарӕджы раз фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.
Йесо Чырыстийы райгуырд уыдис афтӕ. Йӕ мад Мариа ма куырдуаты бадти, Йосифимӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг ис, Мариа Сыгъдӕг Уды хъомысӕй ӕнхъӕлцау кӕй у, уый.
Саул сын бафӕдзӕхста: «Зӕгъут Давидӕн: паддзахы ирӕд нӕ хъӕуы, ӕрмӕст ын йе знӕгтӕй йӕ маст райс — амар сӕдӕ филистимаджы, сунӕт сын скӕн ӕмӕ сын сӕ лыггӕгтӕ паддзахмӕ ӕрбахӕсс». Саул йӕ зӕрдӕ дардта, ныр Давид филистимӕгты къухӕй амӕлдзӕн, зӕгъгӕ.
афтӕ Давид йӕ адӕмимӕ фӕраст ӕмӕ дыууӕсӕдӕ филистимаджы амардта. Сӕ сунӕты лыггӕгтӕ сын ӕрбахаста ӕмӕ сӕ паддзахы раз ӕрӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ уый йӕ сиахс бакӕна. Ӕмӕ йын Саул радта йӕ чызг Мелхолӕйы.
Уӕдмӕ Саул та йӕ чызг Мелхолӕйы, Давиды усы, радта галлимаг Палтийӕн, Лаишы фыртӕн.