10 Цӕмӕй Саулы хӕдзары паддзахдзинадӕн кӕрон ӕрцӕуа, ӕмӕ Давид паддзахиуӕг кӕна Израил ӕмӕ Иудӕйы, Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг».
Гъемӕ дын мӕнӕ мӕ уынаффӕ: ӕрбамбырд дӕм уӕнт ӕппӕт Израил, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр ис, уыдон, денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц куыд уой, афтӕ, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр семӕ рацу.
Паддзах бафӕдзӕхста Йоавӕн, йе ’фсады хицауӕн: «Данӕй Беер-Шевӕйы онг Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтыл ӕрзилут ӕмӕ адӕмы сфыссут, цӕмӕй мӕ адӕмы нымӕц зонон».
Йевосфет ницыуал сфӕрӕзта Авнеры ныхмӕ сдзурын, уымӕн ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кодта.
Авнер Давидӕн загъта: «Цӕй, ӕз ныр ацӕуон ӕмӕ мӕ бардарӕгмӕ, мӕ паддзахмӕ, ӕппӕт Израилы адӕмы дӕр ӕрхонон, цӕмӕй демӕ фидыд саразой, ӕмӕ ды паддзах уай, кӕмӕн дӕ фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр». Давид сразы ис Авнеры ныхасыл, ӕмӕ уый фарнимӕ араст ис.
Соломоны заман Иудей ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, Данӕй Беер-Шевӕйы онг, цардысты ӕдасӕй. Алчидӕр-иу сӕ йӕхи йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ирхӕфста йӕ сӕнӕфсир, йӕ легъуийы бын.
Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.
Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн.
Дунедарӕг бакодта, зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕрдта, уый: паддзахад дын дӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ ӕндӕрӕн, Давидӕн, радта,
Ӕмӕ Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг ӕппӕт Израил дӕр базыдта, Дунедарӕг Самуелы Йӕхицӕн пехуымпарӕй кӕй равзӕрста, уый.